Абд аль-Кадир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Абд аль-Кадир аль-Джазаири
арабб. عبد القادر الجزائري‎‎
Гуырæн ном алжир. арабб. عبدالقادر
Райгуырды датæ 1808-æм азы 6 сентябры(1808-09-06)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1883-æм азы 26 майы(1883-05-26)[1][2][3][…] (74 азы)
Мæлæты бынат
Хуындад эмир[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Белого орла орден Чёрного орла орден Спасителя орден Пия IX кавалер Большого креста ордена Почётного легиона
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Абд аль-Кадир (æххæст ном у Сиди эль-хаджи Абд-эль-Кадер Удед-Магиддин, арабб. عبد القادر الجزائري‎‎‎; райгуырдис 1808-æм азы 6 сентябры — амардис 1883-æм азы 26 майы Дамасчы) — араббаг эмир, Францы ныхмæ хæсты алжираг знæмты фæтæг, ахуыргонд, поэт.

У Ораны рагон æмæ номдзыд марабутаг мыггагæй рацæуæг. Ахуыр кодта Маскарæйы, йæ сæргъы аль-Кадиры фыд, номджын Сиди-эль-Магиддин, кæмæн уыди, уыцы динон скъола Хетнейы. Йæ æвæджиау курдиæттæ, диныл æнувыддзинад, ахуырдзинад æмæ гæрзарæхсты руаджы Абд аль-Кадир йе ’взонджы карæй уыдис хъуыстгонд.

Йæхи гуырысхогæнаг алжираг дейы цæстдардæй суæгъд уæвыны охыл аль-Кадир алыгъдис Мысырмæ. Уым лæг фыццаг хатт базонгæ ис европæйаг цивилизациимæ. Мысырæй аль-Кадир хадзыйы цыд акодта Меккæмæ æмæ сыздæхти йæ райгуырæн бæстæмæ эль-хадзыйы номимæ. Уыцы заман францæгтæ, туркæгты асургæйæ, бакодтой Алжир сæхи. Францæгты ныхмæ растадысты бирæ араббаг знæмтæ.

1832-æм азы ныгуылæйнаг Алжиры знæмтæй аль-Кадир æвзæрст æрцыд эмирæй æмæ сарæзта хæдбар паддзахад. Йæхи формалон æгъдауæй расидти Мароккойы хуындæджер Абд ар-Рахманы вассал æмæ бæрнджын æмæ райста аль-муминины («уырнджыты хицау») титул.

1832-æм азы райдыдта иттæг карз æмæ тугкæлæн хæст францæгтимæ. Уый рæстæг Абд аль-Кадир бирæ хæттыты уыдис уæлахидзау, фæлæ æппынфæстагмæ фембылды ис: 1847-æм азы 22 декабры хи радта инæлар Ламорисьер æмæ Омайлаг герцоджы къухмæ, æмæ йæ арвыстæуыд Францмæ.

Францы йын сарæзтой фæлмæн æмæ кадджын цæстдард, æмæ афтæмæй дзы царди йæ хæстæджытимæ, цалынмæ йæ Наполеон Æртыккæгæм нæ рауагъта æмæ пенси снысан кодта, уæдмæ. 1852-æм азы 21 декабры уый ацыди цæрынмæ Бурсæмæ, фæстæдæр та — Дамаскмæ, цыран 1860-æмы сæрды сдзырдта, карз æлхъывд чи цыди, уыцы чырыстæтты сæрыл. Уæдæй фæстæмæ йæ цард уыди сабыр æмæ æнæхъыгдард. Æцæг, рæстæгæй-рæстæгмæ аль-Кадир араст-иу ис динбалцыты, кувынмæ. Иу хатт ма хадзыйы цыд акодта Меккæмæ, 1867-æм азы абæрæг кодта Дунеон равдыст Парижы, 1869-æмы ноябры та уыди Суэцы каналы байгомы уазæг.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Абд аль-Кадир ныффыста иттæг цымыдисаг динон-философон уацмыс, кæцы Дюга раивта араббагæй францагмæ ахæм сæргондимæ: «Rappel à l’intelligent; avis à l’indifférent» (Париж, 1858).

Кæс ноджыдæр[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Абд аль-Кадир // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохоров — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969. — Т. 1 : А — Ангоб. — С. 15.
  2. 2,0 2,1 Emerit M. Abdelkader // Encyclopædia Britannica (англ.)
  3. 3,0 3,1 Cohen S. G. Asthma among the famous. Adb el-Kader (1808-1883), founder of the Algerian state (англ.) // Allergy and Asthma ProceedingsProvidence: OceanSide, 1997. — Vol. 18, Iss. 1. — P. 50—52. — ISSN 1088-5412; 1539-6304PMID:9162573