Суэцы къанау
Внешний вид
(Суэцы канал-æй æрвыст)
Суэцы къанау (арабб. قناة السويس, Qanā al-Suways) у Атлантикон æмæ Индийы фурдтæ чи бæтты, уыцы наудзæуæн къанау Сырх æмæ Зæххастæуы денджызты ’хсæн. Къанауы дæргъ у 163 километры, æппæтæй у Мысыры территорийыл, сахартæ Порт-Саид æмæ Суэцы ’хсæн.
Суэцы къанау у Мысыры паддзахадон æфтиæгтæй стырдæр. Нæдæр нефт, нæдæр туризм дæтты уый бæрц æхца уыцы паддзахадæн. 2003-æм азы къанауыл фæцыдысты 17224 науы.
Бæстæйы стырдæр хай Синайы æрдæгсакъадахимæ сбæттынмæ Суэцы къанауы бын сарæзтæуыд тъунел, стæй 2001-æм азы скуыста къанауы сæрты егъау хид.
Рагзаманы, нæ эрæйы агъоммæ 500-æм азы, уыдис, Сырх денджыз æмæ Нил чи баста, ахæм къанау. Ууыл дæр наутæн уыдис фадат Сырх денджызæй Зæххастæуы денджызмæ цæуын. Фæстæдæр фæзаууат и.