Абациаты Дзамболат
Внешний вид
| Абациаты Дзамболат | |
|---|---|
| | |
| Райгуырды датæ | 1857-æм азы 3 декабры |
| Райгуырæны бынат | |
| Мæлæты датæ | 1936-æм азы 4 июны (78 азы) |
| Мæлæты бынат | |
| Æфсæдты хуыз | кавалери[d] |
| Æфсæддон куысты азтæ | 1876—1920 |
| Хуындад | инæлар-лейтенант[d] |
Абациаты Къостайы[кæцæй ист у?] фырт Дзамболат (Дмитрий) (райгуырдис 1857-æм азы 3 декабры Хъæдгæроны — амардис 1936-æм азы Белграды), Уæрæсейы æфсады инæлар-лейтенант.
Каст фæцис Вильнойы Фистæгæфсæддон юнкерон училище, æмæ уымæй райдыдта йе ’фсæддон цард.
Архайдта 1877-æм азы Турчы ныхмæ хæсты Болгарийы, стæй Туркестаны æмæ Японы.
Йæ дарддæры цард баст уыдис Кавказимæ. Сæвæрдтой йæ хъазахъхъаг дивизийы сæргълæууæгæй, 1912-æм азы январы сси инæлар-лейтенант. Фыццаг дунеон хæсты райдианы Дзамболат йæ дивизиимæ бахаудис Кавказы фронтмæ, ногæй хæцыдис османты æфсады ныхмæ.
1917-æм азы фæстæ Дзамболат ног паддзахадæй хорзæй ницæмæ æнхъæлмæ кастис æмæ ацыдис фæсарæнтæм. Цардис Югославийы, куыста университеты библиотекæйы.