Абайты Эдуард

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Абайты Алыксандры фырт Эдуард (райгуырдис 1953-æм азы Ногиры) у ирон поэт æмæ журналист.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Эдуард райгуырдиc Ногиры, астæуккаг скъола дæр уым фæциc каст. Уый фæстæ ахуыр кодта ЦИПУ-йы филологион факультеты. Иу афæдз фæцис æфсады, стæй куыста алы рæтты уыдис дурæфтауæны быраузилæг, Дзæуджыхъæуы 23-æм скъолайы ахуыргæнæг. 1988 азæй нырмæ та кусы газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы.

Абайы-фырт у дыууæ поэтикон чиныджы автор: «Кæрдæгдзон къæвдатæ» (чиныгуадзæн «Ир», 1991), «Донгуырæн» (чиныгуадзæн «Ир», 2000).

Цитатæ[ивын | Бындур ивын]

Поэт æмæ литературæиртасæг Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ скодта Эдуарды сфæлдыстадæн[1]:

«

Эдуард нæ поэзимæ æрбацыд йæхи хъæлæсыуагимæ, йæ фыццаг фæлварæнтæ дæр уыдысты хæдхуыз, оригиналон. Иу-25 азы размæ æрыгон поэты тыххæй ныффыстон: «Нейтрон æмæ лазеры æнусы ирон адæмæй рохуаты бирæ хæзна-дзырдтæ баззад, иу дзырдуаты дæр сын ссарæн нал ис. Уыдон нæртон æфсургътау заманты сау ныккæнды æнæ хицауæй, зылдхъуагæй „схъæддаг сты“, сæхицæн агурынц аккаг барджытæ. Мæнмæ гæсгæ, уыцы барджытæй иу у Абайты лæппу. „сапонæхсад, айкæвдылд сæ акодта“, æмæ йын æвæджиау дугъæттæ басгуыхтысты».

Абон дæр нæ ивын мæ хъуыды. Уæвгæ уæд нæ номджын фысджытæй иу мемæ не сразы: иу рох дзырд дæр, дам, нæ арын Эдуарды æмдзæвгæйы. Афтæмæй мæнæн мæ ныхасы сæр иу æмдзæвгæ нæ уыди, фæлæ æрыгон авторы сфæлдыстад иумæйагæй. Фæстæдæр Абайы-фырты уацмыстæ газетты, журналты арæхдæр зынын куы райдыдтой, хицæн чингуытæй йын куы рацыдысты, уæд рабæрæг, æз раст кæй уыдтæн, уый. Дзырдуатдæр ма нын сарæзта журналæн, «фыдæлтæй мæхæлы чи баззад», ахæмдзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй («Мах дуг», 1995, №2).

»

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Журнал «Мах дуг», 2008 азы 6-æм номыр, 156–157-æм фæрстæ.