Перейти к содержанию

Абайты Васо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Абайты Уасо-æй æрвыст)
Абайты Васо
Райгуырды датæ 2 (15) декабры 1900[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2001-æм азы 18 мартъийы(2001-03-18)[1][2] (100 азы) кæнæ 2001-æм азы 12 мартъийы(2001-03-12)[3] (100 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз филологи, æвзагзонынад, иранистикæ, бæстæзонад[d], этимологи æмæ педагогикæ[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
Ахуырадон ном профессор[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден «За заслуги перед Отечеством» орден «За заслуги перед Отечеством» III степени орден «За заслуги перед Отечеством» IV степени Фæллойадон Сырх Тырысайы орден «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майдан медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»
Советон Цæдисы паддзахадон преми заслуженный деятель науки РСФСР Хетæгкаты Къостайы номыл преми
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Абайты Иваны фырт Васо (райгуырдис 1900-æм азы 15 декабры (2-æм декабры) Къобы — амардис 2001-æм азы 18 мартъийы Мæскуыйы) уыдис зынгæ лингвист, ирон æмæ æндæр ирайнаг æвзæгтæ иртасæг. Йæхæдæг йæ ном фыста Вассо[кæцæй ист у?], иуæй-иу текстты æмбæлы вариант Уасо.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

1925-æм азы каст фæцис Ленинграды университеты æхсæнадон зонæдты факультет. 1928-æм азы каст фæцис аспирантурæ. 1928-1930 азты куыста Советон Цæдисы зонæдты академийы Кавказы историон-археологион институты. 1930-æм азæй куыста Зонæдты Академийы Æвзагзонынады институты сахар Ленинграды, 1950-æм азæйМæскуыйы. 1962-æм азы ссис филологион зонæдты доктор (æнæ диссертаци, «йæ куыстыты иумæйаг уæзæй»), 1969-æм азы та — профессор.

1964-æм азы Абайты Васойæн радтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми.

1981-æм азы Васойæн радтой Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреаты ном. Зындгонд иртасæг уыдис Стыр Британи æмæ Ирландийы Азийы паддзахадон æхсæнады кадджын уæнг 1966-æм азæй.

Абайты Васо амардис 2001-æм азы 18 мартъийы Мæскуыйы. Ныгæд æрцыдис Дзæуджыхъæуы, Иры Мады Майрæмы аргъуаны кæрты, Хетæгкаты Къостайы ингæны цур.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]