Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг
Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг (уырыс. Владикавказская железная дорога) уыди æнæпаддзахадон æфсæнвæндаг, кæцыйы фылдæр хай ныртæккæ у Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы сконды. Æфсæнвæндаг аразтой 1888-æм азæй 1918-æм азы онг (фæстæдæр йæ ном ын раивтой).
Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг сбаста Ростов-Доныл æмæ Владикавказ (Дзæуджыхъæу), фæстæдæр уый бахæццæ Петровскмæ (Махачкала), Стъараполмæ, Царицынмæ (Волгоград). Уыцы егъау æфсæнвæндагон системæйы дæргъ уыди 2511 км (1913-æм азы), уыимæ дывæндагон фадгуытæ — 684 км, куыстой дзы 795 паровозы, 19 525 товарон вагоны æмæ 827 пассажирон вагоны. Æфсæнвæндаджы сконды цы цыппар стыр æрмадзы куыстой, уыдон ныр дæр кусынц — уыдонæй иу у Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод.
Фæндагыл нефты гуырæнтæ кæй уыдысты, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндагыл дурæвзалыйы бæсты паровозты артагæн нефт судзын байдыдтой.
Æфсæнвæндаг стыр ахъаз фæци регионы экономикон рæзтæн. Фæндаг цы цæрæнрæттыл цыди, уыдон райрæзыдысты æмæ фæстагмæ фесты сахартæ.
Фæндагæн специалисттæ цæттæ кæнынæн Дзæуджыхъæуы 1902-æм азæй кусы æфсæнвæндаджы техникум.
1918-æм азы сентябры Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг æрцыди национализацигонд æмæ фæци Бастдзинады адæмон комиссарады дæлбар. Уыцы историон æфсæнвæндаджы хæххытæ ныртæккæ сты Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы æмæ, цæгаты, — Волгæйы цур æфсæнвæндаджы хай.