Æрфæныфæд
Æрфæныфæд (гр. Γαλαξίας, лат. Via Lactea, уырыс. Млечный Путь) у дун-дунейы галактикæтæй иу. Æрфæныфæды ис Хуры системæ.
Æндæр варианттæ сты — чыс.ныхас. Саг æмæ галы фæд[1]; дыгурон диалект Дон.[2]
Ирон мифологийы
[ивын | Бындур ивын]Æрфæн-æрвон — Нарты кадджытæм æрвон бæхты мыггагæй, уыд Нарты хистæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы ном. Уый хонынц зæххон бæхты фыдæл, уымæй, дам, равзæрдысты. Ирд æхсæвы арвы астæу иу кæронæй иннæмæ цы урсбын фæтæн тæлм фæзыны, уый дæр уымæ гæсгæ ирон адæм хонынц «Æрфæны фæд».
Æрфæныфæдыл ма ис æндæр таурæгъ дæр:
Саг æмæ, дам, къамбец фæбыцæу сты — арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ нæ тагъддæр чи бахæццæ уыдзæн. Æрлæууыдысты иу кæрон. Саг йæ сыкъатæ бæрзонд систа æмæ гæппытæ кæнгæ фæцагайдта. Арвы астæумæ куы бахæццæ, уæд йæ зæрдæ аскъуыд, æмæ йæ мидбынаты æрхаудта. Къамбец йæ цыдæй рараст æмæ суанг иннæ кæронмæ бахæццæ. Арв æхсæвыгон куы ныттынг вæййы æмæ стъалыйы цæхæр куы фесты, уæд йæ бæстастæуыл иу кæронæй иннæмæ ирдæй разыны урсцагъд къуымбилæй фæд. Уый фарсмæ та иу кæронæй бæстастæумæ ис иугæндзон нæ, фæлæ фæлтæргай урс мигъы хуызæн æхсыргъуыз бындзыгтæ. Уыдон сты саг æмæ къамбецы фæдтæ. |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзиццойты Юри. Чысайнаг ныхасыздæхты цыбыр афыст. — Цхинвал, «Хуссар Алани», 2008.
- ↑ Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003.