Æрфæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Æрфæн
Тип бæх
Æрд нæл

ÆрфæнНарты кадджытæм æрвон бæхты мыггагæй, уыд Нарты хистæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы ном. Уый хонынц зæххон бæхты фыдæл, уымæй, дам, равзæрдысты.

Ирд æхсæвы арвы астæу иу кæронæй иннæмæ цы урсбын фæтæн тæлм фæзыны, уый дæр ирон адæм хонынц «Æрфæны фæд».

«Сырдоны кадæг æнусмæ Нарты Уæхтæнæгыл» нын зæгъы:

«

Дзерассæйы мæрдон гуыбыны Уастырджийы комы тæфæй сæвзæрдис Нарты Сатана, сылгоймаг; бæхы мыггагæй – æфсургъ; куыдзы мыггагæй та – Силæм... Хæмыц æмæ Уырызмæг бацыдысты сæ мад Дзерассæйы зæппадзмæ бæрæггæнæг æмæ Дзерассæйы ингæнæй райстой чызг, байраг æмæ къæбыла æмæ сæ схъомыл кодтой». Байрагæй æмбисонды бæх рауад. Уырызмæджы бæх сси, ном ыл сæвæрдта Æрфæн.

»

Кадджытæм гæсгæ, уый у зæххон бæхты фыдæл.

Æрфæн Уырызмæгæн балцы у йæ æнцой, зын сахаты – йæ хорз уынаффæгæнæг, тохы – йæ хæстон æмбал. Дзуры адæймаджы æвзагæй, зоны арв æмæ Зæххы ’хсæн хæтæнтæ. Тæхы маргъау дæр. У хъаруджын æмæ фæразон, уадæмдых. Бирæ хæрзты бацыд Уырызмæгæн. Хоны ма йæ Хъулон дæр.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.