Перейти к содержанию

Æлбегаты Хисам

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æлбегаты Хейриддины фырт Хисам, вариант: Æлбегаты Фералдины фырт Исам[1] (райгуырдис 1961-æм азы 28 сентябры Сирийы, Алкунайтрæйы) у Сирийы ирæттæй иу.[2]

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Хисам райгуырди 1961 азы 28 сентябры Сирийы Алкунайтрæйы сахары. Ис ын иу æфсымæр æмæ æртæ хойы. Сты Гаджиты хæрæфырттæ.

Хисам скъоламæ бацыд 1967 азы. Уыцы аз райдыдта Израил æмæ Сирийы хæст. Уæдæй фæстæмæ сирийаг ирæтты гыццыл къорды, фæззыгон сыфтæртау, сæ разæй хæссынц сармадзанты уынæр æмæ хæдтæхджыты гуыв-гуыв.[2]

Знаджы æфсæдтæ Алкунайтрæ бацахстой. Ныппырх кодтой сахар. Цæрджытæй ма удыгасæй чи баззад, уыдон сыстын кодтой сæ цæрæнбынæттæй æмæ сæ атардтой сахарæй. Сæ фылдæр æрбынæттон сты Дамасчы. Уыдонимæ уыдысты Æлбегаты бинонтæ дæр. Зæгъæн ис, Хисам ам схъомыл. Ам ногæй бацыд скъоламæ. Каст æй фæцис 1980 азы æмæ ацыд æфсады службæмæ.[2]

Фæлæ та йæ хæсты уылæн ам дæр баййæфта. 1982—1984 азты архайдта Ливаны хæсты. Йе ’фсæддон хæс Хисам фыст фæцис 1984 азы æмæ ’рбаздæхт сæхимæ. Куыста. Йæхи цæттæ кодта йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ. 1986 азы бацыд Дамаскы университеты барады факультеты фæсаууоны хайадмæ. Уыцы азты райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ дæр. Мыхуыр цыдысты газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл. Зоны араббаг, англисаг, туркаг, ирон æвзæгтæ.[2]

2009 азы Сирийы цæрæг ирон адæм Хисамы равзæрстой сæ диаспорæйы сæрдарæй æмæ минæварæй Æппæтдунейон Ирон адæмы Стыр Ныхасмæ. Уыдис сæм сабыр царды фæндтæ æмæ пълантæ, фæлæ та хæсты æвзæгтæ Сирийы табуйаг зæххыл ногæй сирвæзтысты. Ацы хатт йæ цæрджыты фылдæр хай ныппырх ис æппæт дунейыл дæр. Сæ иу хай æрæнцад Турчы зæххыл. Уыдонимæ сты Хисамы бинонтæ дæр. Цæрынц Стамбулы. Ис ын 4 хъæбулы — дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012
  2. 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.