Чингисхан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Чингисхан
ᠴᠢᠩᠭᠢᠰ ᠬᠠᠭᠠᠨ
Стыр хан
1206 — 1227

Райгуырдис 1162-æм азы 31 майы
Амардис 1227-æм азы 18 августы[1] (65 азы) кæнæ 1227-æм азы 25 августы[2] (65 азы)
Ныгæныны бынат
  • бæрæг нæу
Мыггаг Борджигин
Гуырæн ном Тэмуджин (Темучжин)
Фыд Есугей
Мад Оэлун
Æмкъай Бортэ
Хулан
Есугэн
Есуй
Сывæллæттæ фырттæ:
Джучи
Чагатай
Угэдэй
Толуй
Кюльхан
Харачар
Чахур
Хархад
чызджытæ:
Ходжин-бэги
Чечейген
Алагай
Тэмулэн
Алдуун
Дин тенгрианство[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чингисхан кæнæ Чынгысхан[3] (æцæг ном уыдис Темуджин) (райгуырдис 1162-æм азмæ ’ввæхс — амардис 1227-æм азы 25 августы) — мангойлаг хан, егъау мангойлаг паддзахады бындурæвæрæг.

1206-æм азы Темуджин сси æппæт монгойлаг знæмты хан, æмæ йын радтой титул Чингисхан. Уыцы аз кæрæдзийы ныхмæ хæцæг мангойлаг адæмы къабазтæ баиу сты æмæ сысты егъау хæстон тых. Чингисхан цы ног закъæттæ сфидар кодта, уыдон хордзинадыл нымадтой иузæрдыгдзинад æмæ хъæбатырдзинад, æвзæрдзинадыл та — тæппуддзинад æмæ гадзрахатдзинад. Уыцы ногконд мораль сси монголаг æнтыстыты бындур.

Чингисхан æмæ Кавказ[ивын | Бындур ивын]

Хорезм монголæгты дæлбар куы сси, Чингисхан рарвыста йæ хуыздæр барджыты къорд Джебе æмæ Субедейы разамындæй ныгуылæны зæххытæ басгарынмæ. Мангойлаг барджытæ Къаспы денджызы хуссар былыл æрбацыдысты Фæскавказмæ æмæ уым ныддарæн кодтой гуырдзиаг æфсад (1222). Уый фæстæ æрцыдысты цæгатмæ æмæ уым схæцыдысты иугонд кавказаг æфсадимæ (уыдысты дзы алайнаг, половецаг, лекъаг æмæ черкесаг хæстонтæ). Уыцы тох ницæмæй ахицæн, уæд монгол бацархайдтой хинæй: фæиппард кодтой кавказаг адæмтты æмæ иу иннæйы фæстæ уыдоныл фæуæлахиз. Алайнаг адæмæн уыцы хæст сæ сæфты райдиан баци.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Bawden C. R. Genghis Khan // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Кораев Т. К. Чингисхан // Большая российская энциклопедия (уырыс.)Москва: Большая российская энциклопедия, 2004. — Т. 34. — С. 592.
  3. Хетæгкаты Къоста. Хетæг Архивгонд æрцыдис 10 августы 2016 азы.