Цегойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цегойтæ (уырыс. Цегоевы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Цопанаты мыггаг мæсыг амадтой. Мыггаг æрæмбырд сты, фæлæ дзы æртæ æфсымæры уыцы бон не ’вдæлди æмæ не ’рцыдысты. Уыдон сын загътой, сымах уал амайут, зæгъгæ, мах дæр уæм æндæр бон фæкæсдзыстæм. Мыггаг мæсыг самадтой æмæ æртæ æфсымæрæн загътой: «Сымахæн ацы мæсыгæй хай нæй». Уæд уыдон загътой: «Уæдæ нын дзы кæд хай нæй, уæд мах мæсыгæн йæ алыварс йæхи бæрзæндæн сис самайдзыстæм». Сис амайын райдыдтой. Сæрæн лæппутæ уыдысты æмæ сæм Дзæгъæсхъойы цот фæныхмæ сты, сафыны фæнд сын скодтой. Амарын сæ кодтой.

Сæ устыты сын сæхи бакодтой, фæлæ чындзытæй иу — Дзантион, уыцы заман йæ цæгаты уыд æмæ сæм нал æрыздæхт йæ лæджы мæлæты фæстæ. Дзантионæн йемæ сывæллæттæ уыди. Цы æфсымæрты амардтой, уыдоны мад Цегойты чызг уыди, æмæ Дзантионы цот сæ мыггаджы ном Цегойтæй аивтой.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]