Мæсыг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд

Ирон мæсыг — дурамад цалдæруæладзыгон иргъæвон агъуыст. Йæ бындур — квадрат. Фыццаг уæладзыг арæх у дурæйдзаг, цæмæй мæсыг фидардæр лæууа æмæ йæ бын ыскъахын фадат ма уа, уый тыххæй. Дыккаг уæладзыджы арæзт вæййы мæсыгмæ бахизæн. Мæсыджы сæр тъæпъæн, æмæ дурæй æмбонд (арæх дæндагимæ йæ алы тигъыл). Тъæпæн цар уыди пайда уымæй, æмæ ууыл лæугæйæ, алырдæм фæлгæсыны фадат лæвæрдта. Ирыстоны ис фенæн ацы классикон типæй уæлдай ма æндæртæ.

Мæсыг Урсдоны раз

Бирæ мæсгуытæ сæ ’снысанмæ гасгæ уыдысты хъахъхъæнæн. Амад-иу æрцыдысты, стратегион вазыгджын бынæттыл æмæ афтæ, цæмæй дзы æндæр дыууæ мæсыджы зына. Знаджы бабырст фенгæйæ, ахæм мæсыгæй лæвæрдтой сигнал артæй кæнæ фæздæгæй иннæ мæсгуытæм, кæцытæ йæ æрвыстой дарддæр.

Ирыстоны иргъæвон агъуыстты æндæр хуызтæ: фидар, гæнах, иргъæвон сис.