Перейти к содержанию

Хъуысаты Тимур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъуысаты Тимур
Райгуырды датæ 1979-æм азы 23 сентябры(1979-09-23) (45 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Архайды хуыз журналист

Хъуысаты Владимиры фырт Тимур (райгуырдис 1979-æм азы 23 сентябры Беслæны) у уæрæсейаг тележурналист, репортёр, Уæрæсейы Федерацийы журналистты цæдисы уæнг; 2010-æм азы июлæй у ПТРК «Алани»-йы директор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

1996-æм азы каст фæцис Дзæуджыхъæуы А.В. Луначарскийы номыл 5-æм гимназ (профилон предмет уыдис англисаг æвзаг), 2001-æм азы та Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æхсæнадæмон журналистикæйы хайад.

4-æм курсы студент уæвгæйæ, Хъуысайы-фырт ссис, Уæрæсейы Федерацийы президенты стипенди исыны гом конкурсы уæлахиздзау æмæ уый фæрцы 20002001-æм ахуырадон азы уыдис Вестминстеры университеты стажёр.

Практикон журналистикæйы къабазы Тимур активонæй кусын райдыдта 17-аздзыдæй. 1997-æм азы йæ райстой Паддзахадон информацион агентад «Иринформ»-мæ. Уым Хъуысайы-фырт бацæттæ кодта мин репортажæй фылдæр республикон æмæ федералон телеканалтæн.

2002-æм азы слæууыдис республикæйы хицауады пресс-центры сæргъы, 2004-æм азы цалдæр мæйы дæргъы уыдис Цæгат Ирыстоны президент æмæ хицауады администрацийы информацион-аналитикон управленийы констультант. Уыцы аз æй снысан кодтой ПТРК «Алани»-йы сæрдары хæдивæгæй (информацион программæты директор).

2005-æм азы фæззæджы, Еврокъамисæн Уæрæсейы цы минæварад ис, уым æй фæхуыдтой Евроцæдисмæ стажировкæ кæнынмæ.

2006-æм азы райдыдта кусын телеканал «Russia Today»-йы. Уым слæууыдис Цæгат Кавказы корпункты сæргъы. Æмрæстæджы ма 2007–2008-æм азты уыдис «ЦИПУ-йы ТВ»-йы («ТВ СОГУ») сæргълæууæг æмæ разамынд лæвæрдта ног телеканалы аппаратон-студион комплексы проект кæныныны куыстытæн.

2008-æм азы сыздæхтис ПТРК «Алани»-мæ æмæ дзы райдыдта кусын директоры хæдивæджы бынаты (информацион программæты службæйы хицау).

2010-æм азы июлы Хъуысаты Тимуры снысан кодтой Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы Цæгат Ирыстоны филиал ПТРК «Алани»-йы директорæй.

Хæрзиуджытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Тимурæн ис ÆАÆ «ОРТ»-йы генералон директор Игорь Шабдурасуловы (1999) æмæ ОРТ-йы корхызæджы хайады хицау Александр Веригины (2000) арфæйы фыстæджытæ.
  • 2001-æм азы ссис, Цæгат Ирыстон-Аланийы хицауад æрвылаз кæмæй хорзæхджын кæны, «Фæсивæдон политикæйы рæзтмæ хайбавæрды тыххæй», зæгъгæ, уыцы премийы лауреат (номинаци «Фæсивæды проблемæты равдыст»).
  • Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды 2008-æм азы 25 декабры Барамындмæ гæсгæ Хъуысайы-фыртæ схорзæхджын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады орденæй.
  • 2010-æм азы февралы йын лæвæрд æрцыдис, «ТЭФИ-Регион 2009», зæгъгæ, уыцы Æппæтуæрæсеон телеуынынадон конкурсы сæрмагонд приз.