Перейти к содержанию

Хъуымыхъхъаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъуымыхъхъаг æвзаг
Хином къумукъ тил
Бæстæтæ Уæрæсе
Регионтæ Дагъистан, Цæцæн, Цæгат Ирыстон
Официалон статус Дагъистан
Дзурджыты нымæц 500 000
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Алтайаг æвзæгтæ

Тюркаг æвзæгтæ
Кыпчакаг æвзæгтæ
Куманаг-кыпчакаг æвзæгтæ
Фыссынад кириллон алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2 kum
ISO 639-3 kum
ГОСТ 7.75–97 кум 349
WALS kuq
Atlas of the World’s Languages in Danger 1074
Ethnologue kum
IETF kum
Glottolog kumy1244

Хъуымыхъхъаг æвзаг (къумукъ тил) у хъуымыхъхъаг адæмы мадæлон æвзаг, дзурынц ыл Дагъистаны быдырон хайы æмæ цæгаты хохрæбын, Цæцæны цæгаты æмæ Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы. Хауы тюркаг æвзæгты кыпчакаг къордмæ (уырдæм ма хауынц хъæрæсейаг-балхъайраг, ногъайаг æмæ æндæр æвзæгтæ). Дзурджыты нымæц у 450—500 мин адæймагмæ ’ввахс.

Хъуымыхъхаг у Дагъистаны æхсæз литературон æвзагæй иу. Ацы рæттæм Уæрæсейы империимæ баиуы агъоммæ хъуымыхъхъаг æвзаг уыди Дагъистаны адæмты ’хсæн дзурыны фæрæз. Хъуымыхъхъаг æвзагыл цæуы газет «Ёлдаш».

Хъуымыхъхъаг æвзаджы периодизаци нæма сбæлвырд ис. Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ уый равзæрдис манголы бабырсты агъоммæ (XIII-æм æнусы агъоммæ).

Лингвистикон характеристикæ

[ивын | Бындур ивын]

Фыссынад

[ивын | Бындур ивын]

1928-æм азы онг хъуымыхъхъ пайда кодтой араббаг алфавитæй. 1927-æм азæй фæстæмæ ’мæ 1938-æм азы онг сæ фыссынад уыдис латинаг бындурыл.

Хъуымыхъхъаг абетæ 1935-æм азы рауагъды дамгъуатæй.

1938-æм азæй фæстæмæ æмæ ныры онг пайда кæнынц кириллон графикон бындурыл хъуымыхъхъаг алфавитæй:

А а Б б В в Г г Гъ гъ Гь гь Д д Е е
Ё ё Ж ж З з И и Й й К к Къ къ Л л
М м Н н Нг нг О о Оь оь П п Р р С с
Т т У у Уь уь Ф ф Х х Ц ц Ч ч Ш ш
Щ щ Ъ ъ Ы ы Ь ь Э э Ю ю Я я


Фонологион бæрæггæнæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æвзаджы ис 8 хъæлæсоны — а, е, ы, и, о, оь, у, уь, ис дзы ноджы æртæ æвдисæйнагмæ гæсгæ ныхмæвæрæн (рæнхъ, сисæн, лабилизаци). Иуæй-иу дзырдты (фылдæр æрбайсгæ чи сты, ахæмты) вæййы хъæлæсон ə.

Уæнджы сæйраг хуыз у CVC, ноджы ис ахæм хуызы уæнгтæ: V, VC, CV, VCC, CVCC.

Морфологи

[ивын | Бындур ивын]

Æвзаджы морфологион хуыз

[ивын | Бындур ивын]

Дзырд кæнæ морфемæйы райдианы хъæлæсонты иугæнæн нæй.

Морфологион категориты сконд æмæ мидис

[ивын | Бындур ивын]

Ис 10 ныхасы хайы — номдар, миногон, нымæцон, номивæг, мивдисæг, фæрсдзырд, бæттæг, хайыг, æвастхъæр æмæ фæсдзырд.

Хъуымыхъхъаг æвзаджы нæй грамматикон æрд. Бирæон нымæц арæзт цæуы, -лар (-лер), зæгъгæ, ахæм фæсæфтуаны фæрцы.

Æвзаджы ис æхсæз хауæны.

Дзырдарæзты бындурон фæрæз

[ивын | Бындур ивын]

Дзырдарæзты бындурон фæрæз у аффиксалон, вæййы дæр дзырдиукæнынад.

Диалекттæ

[ивын | Бындур ивын]

Хъуымыхъхъаг æвзаджы ис ахæм диалекттæ:

  • бойнахъаг,
  • хасавюртаг,
  • кайтаггаг,
  • дæлхæххон,
  • теркаг.

Иннæтæй хицæн лæууы кайтаггаг диалект. Иуæй-иу диалектты зыны кавказаг æвзæгты тæваг: цæвиттон, ис дзы «кавказаг» абруптивон æмхъæлæсонтæ[1].

Нырыккон литературон хъуымыхъхъаг æвзаг арæзт æрцыдис хасавюртаг æмæ бойнахъаг диалектты бындурыл.

Библиографи

[ивын | Бындур ивын]
  • Дмитриев Н. К., Грамматика кумыкского языка, М.— Л., 1940; (уырыс.)
  • Гаджиева Н. З., Кумыкский язык, в сборнике: Младописьменные языки народов СССР, М.— Л., 1959; (уырыс.)
  • Русско-кумыкский словарь, М., 1960; (уырыс.), (хъуым.)
  • Магомедов А. Г., Кумыкский язык, в кн.: Языки народов СССР, т. 2, М., 1966. (уырыс.)

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]
Wikimedia Incubator
Wikimedia Incubator

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. БСЭ. Кумыкский язык(æнæбаххæсгæ æрвитæн)(уырыс.)