Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет у Хуссар Ирыстоны сæйраг университет. Университеты бæстыхай стыр зиан баййæфта 2008-æм азы августы хæсты рæстæг.
Университеты ректор у техникон зонæдты кандидат, профессор Тедеты Вадим.
Ахуыргæнæндоны сырæзт æмæ фыццаг азтæ
[ивын | Бындур ивын]Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуырад райрæзыны хъуыддаг райдыдта, ирон адæмы историйы фыццаг педагогон институт бакæнынæй.
ХХ æнусы 20-æм азты, куыд уæды Советон Цæдисы алы рæтты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр райдыдтой ирон адæмы монон царды бындурон ивддзинæдтæ, уæды барæнтæм гæсгæ йæ куыд хуыдтой, афтæ, ома «культурон революци», принципиалон æгъдауæй ног формæ райста скъолаты ахуыры ног системæ, райтынг ис иумæйагахуырадон скъолаты арæзтад рæзгæ фæлтæрæн, культурон уагдæттæ, адæмæн кæсын-фыссын бацамоныны пункттæ.
Рæстæг барджынæй амыдта, фыццаг рады, специалисттæ бацæттæ кæнын, облæсты иумæйагахуырадон скъолатæн педагогон кадртæ, æмæ комкоммæ ирон æвзаг паддзахадон аппараты æмæ адæмон ахуырады системæйы ныббиноныг кæныны хъуыддаджы райдиан.
Бæрзондквалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ уыд облæсты адæмон хæдзарад райрæзын кæнын. Адæмон коммунистон рухсад (наркомпрос) тагъд кодта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, куыд «ахуырадон æмæ адæмон-хæдзарадон пъланты иууыл ахсджиагдæр хæс», афтæ.
1931-æм азы 19 сентябры ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады облæстон хайады сæрмагонд рабадт, цыран большевикты Æппæтцæдисон Коммунистон партийы 1931-æм азы 11 ноябры уынаффæмæ гæсгæ рахаста фæндон, цæмæй Сталиниры конд æрцæуа педагогон институт. Коллеги организацион-техникон куыстыты тыххæй равзæрста комитет Тыбылты Алыксандры сæргълæудæй. Комитеты скондмæ бацыдысты: Адæмон ахуырады облæстон хайадæй (Исакова А.), Централон Æххæстгæнæн Комитетæй (Битеты В.), партион Комитетæй (Гасситы И.) æмæ совпрофцæдистæй (Гæззаты Г.).
1932-æм азы 1 январы Сталиниры кадджын уавæры байгом ис педагогон институты фыццаг курс дыууæ хайадимæ: агробиологи æмæ физикон-математикон хайæдтæ. Студенттæ та уыдысты 20 адæймаджы. Курс уыдис æртæазон. Уæлрадон уавæртæ домдтой, цæмæй институтмæ истаиккой авд къласы ахуыр кæмæ уыд, ахæмты. 1931 азы фыццаг курсмæ бахастæуыд 31 курдиаты.
Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæр скъола бакæнæн уыд раздæр дæр, фæлæ нæ Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады 1917–1921 азты знагиуæгон хæст бахъыгдардта. Нæхи бынæттон кадртæ нæм кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ хицауады æмбæлон оргæнты бахъуыдис нæ бæстæйы æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй специалистты æрхоныны сæр.
Фыццаг рæстæджыты педагогон институтæн нæ уыд йæхи агъуыст, уымæ гæсгæ фыццаг курсы ахуыртæ ауадзынæн хицæнгонд æрцыдысты аудиторитæн музыкалон скъола æмæ педагогон ахуыргæнæндоны агъуыстыты хатæнтæ.
Цасдæр рæстæджы агропединститут архайдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры агъуысты, стæй йæ раивтой Сталиниры педагогон ахуыргæнæндоны агъуыстмæ, уым сын рахицæн кодтой авд къласы. Институты администраци та уыд дыууæ чысыл хатæны. Институтæн нæма уыд нæдæр кабинеттæ, нæдæр лабораторитæ. Фыццаг рауагъд уыд 1935-æм азы.
1933–1934 ахуыры азы ма институты конд æрцыдысты æвзаг æмæ литературæйы факультет — ирон æмæ уырыссаг хайæдтæ.
1934–1935 ахуыры азы ногæй баконд факультеттæн уыдис сæхи кабинеттæ: физикæ æмæ математикæйы, ботаникон, зоологион, ирон æвзаг æмæ литературæйы, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы, æфсæддон кабинет, уымæй уæлдай ифтонггонд æрцыдис химион лаборатори.
1936 ахуыры азы ам райдыдтой кусын æртæ факультеты: æрдззонæн (3 курсы), æвзаг æмæ литературæ (2 курсы), физикæ æмæ математикæ (2 курсы). Абитуриенттæ уæлдæр ахуырмæ бацæуыны тыххæй æнæмæнгхъæугæ зонындзинæдтæ истой æдзухон цæттæгæнæн курсыты, афтæ ма кусæгон факультеты курсыты дæр.
Æрдззонæн факультеты 3 курсы ахуыр кодта 43 студенты, æвзаг æмæ литературæйы факультеты 2 курсы — 32 студенты; рабфакы 4 курсы уыдис 26 хъусæджы, цæттæгæнæн курсыты та — 17 адæймаджы. Æдæппæт — 122 студенты.
Педагогон кадртæ бацæттæ кæныны фарст уыдис облæсты партион æмæ паддзахадон оргæнты æрвылбоны хъусдарды нысан.
Наркомпросы уынаффæты нысан чындæуыд, зæгъгæ, «иу скъоламæ уæлдæр ахуыримæ ахуыргæнджытæй хауы æрмæстдæр дыууæ ахуыргæнæджы...». Уыцы уавæр наркомпросы æркодта уымæ, æмæ 1937 азы пединститут реорганизацигонд æрцыдис дыууæазон ахуыргæнджыты институтæй.
Фыццаг дæс азы тынг зын рæстæджытæ æрвыста институт æрмæст йæ саразыны æмæ организаци кæныны хъуыддаджы. Йæ ахуыргæнджытæй кæйдæрты рахуыдтой «адæмы знæгтæ». «Къласон знæгтæ», «контрреволюцион троцкисттыл» нымад æрцыдысты Багаты Серги (ахуыргæнæг), Зæгъойты Сарди æмæ Æлборты Никъала (студенттæ). Уыцы нысанæн ма ахуыргæнджытæй дæр чидæртæ сæрибар æрцыдысты сæ бынæттæй. Уыцы рæстæджы Сталиниры ахуыргæнджыты институты ректорæй нысан æрцыдис Хетæгкаты В.А., йæ хæдивæгæй та — Хъорнаты В.Г.
30-æм азты фæзындысты хæдархайгæ аивадон, спортивон æмæ политахуыры (ахуыр кодтой большевикты Æппæтцæдисон КП истори) къордтæ. Фæлæ дзы зонадон-студентон къордтæ нæма уыдис.
Химион лаборатори æмæ 7 кабинеты тынг сарæзтой сæ къух цы предметтæ ахуыр кодтой, уыдоны лæмбынæг биноныг кæнынæн. Бынæттон кадртæй уыцы рæстæджы штаты куыстой 16 адæймаджы: Хетæгкаты В.А., Хъорнаты Б.Т., Коцты Н.С., Уанеты З.Н., Гæдиаты П.Ю., Плиты И.С., Гасситы И.Б., Нартыхты А.М., Бекъойты Д.Г., Харебаты А.Т., Чилæхсаты Н.И; æрцæуæггæгтæй: Т.С. Панпалов, В.Г. Арутюнов, С.М. Веллер, Д.Г. Гонашвили, А.Е. Гогуа.
Ахуыргæнджыты зонадон æмвæзад нырма дзуапп нæ лæвæрдта уæлдæр скъолайы домæнтæм. Бынæттон кадрты ’хсæн уыдис æрмæстдæр иу доцент, 8-æй — доценты хæстæ æххæстгæнæджы, иннæтæ уыдысты ахуыргæнджытæ æмæ ассистенттæ.
Ахуыргæнджыты институты зонадон-иртасæн куыстытæ нæма цыдис, бæлвырд цыдысты æрмæстдæр дарддæры перспективæты тыххæй фарстытæ æмæ сæ хицæн ахуыргæнджытæ нысан кодтой иртасæн темæтæ.
1937–1938 ахуыры азты ахуыргæнджыты институты уыдис 10 курсы, 105 студентимæ, рабфакы хъусджыты куы банымайæм, уæд.
1939-æм азы февралы мæймæ ахуыргæнджыты институтæн нæ уыд хисæрмагонд агъуыст. 1939 азы сентябры ахуыртæ райдыдтой йæхи сæрмагонд агъуысты æмæ йæ 1970 азы та схуыдтой педагогон институт.
1938–1939 ахуыры азты филологион факультеты конд æрцыдис ног хайад — гуырдзиаг æвзаджы факультет, æмæ студентты контингент дæр уый æмрæстæджы фæфылдæр 133-йæ 225-мæ. 1970 азы институты дирекци æрæвæрдта фарст бынæттон хицауады оргæнты раз историон факультет бакæныны тыххæй. Уый та баст уыд иумæйаг æмæ фыдыбæстон истори ахуыр кæныны æнæмæнгдзинадыл.
Историон факультетыл лекцитæ кастысты Уанеты З.Н., Хъуылымбегты Г.Ф., Бекъойты С.Г.
1941 азы институты сарæзтæуыд 8 кафедрæйы: педагогикæйы кафедрæ (йæ сæргълæууæг историон зонæдты кандидат Гæдиаты Пъетре), æрдззонæны (йæ сæргълæууæг профессор Гозбашьян Симон), марксизм-ленинизмы бындуртæ (йæ сæргълæууæг Хъуылымбегты Георги), историйы (йæ сæргълæууæг профессор Азатян Ганк), физикæ æмæ математикæйы (йæ сæргълæууæг доценты хæстæ æххæстгæнæг Панпалов Павел), гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы (йæ сæргълæууæг доцент Бегиашвили Федыр).
Кафедрæты сарæзтой, фæлæ ирон æвзаг æмæ литературæйы, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæтæ баззадысты сæрибарæй.
Литературæйы факультеты деканаты куыста Плиты И.С., æрдззонæны — Хъорнаты Б.Т. (Санахъоты Е.Ф. æндæр куыстмæ кæй ацыдис, уымæ гæсгæ).
Фыдыбæстæйы Стыр хæст кæй райдыдта, уый институты цардмæ бахаста ахъаззаг ивддзинæдтæ. Педагогон институт рацарæзтой æртæазон курсытæм, ахуыры аз та-иу райдыдта 1-æм августæй. Институты агъуысты бакодтой госпиталь, институт та ахастой скъолайы агъуыстмæ. Сырх Æфсады рæнхъытæм сидтонты нымæц кæй фæфылдæр ис, уымæ гæсгæ тынг фæкъаддæр хистæр курсыты студентты нымæц.
Уымæй дарддæр сæ ныййарджытæ æфсадмæ мобилизаци кæмæн æрцыдысты, уыдонæн дæр ахуыр кæныны фадат кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ уагътой сæ ахуыр. Уый фæстиуæгæн кæцыфæнды курсытæ æхгæд æрцыдысты, студенттæ сын кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ.
Æфсадмæ фæсидтысты ахуыргæнджытæм дæр — фондзæй ацыдысты хæстмæ.
1941 азы институты уыдис 323 студенты, 1942–1943 ахуыры азы ма дзы баззад 125.
Институты ахуыры нывæзтмæ хаст æрцыдис Æппæтиумæйаг ахуыртæ. Æппæтиумæйаг æфсæддон цæттæдзинад хъуамæ ахуыр кодтаиккой студенттæ, ахуыргæнджытæ-административон персонал, уый фæстæ хъуамæ радтаиккой фæлварæнтæ — æхсынæй, къухы гранатæ æмæ къухы пулеметимæ архайынæй; уымæй дарддæр хъуамæ равдыстаиккой тактикон, æхсын, физикон, химион цæттæдзинад. Студенттæ фæлварæнтæ лæвæрдтой ахæм комплексæй: «Цæттæ у куыст æмæ хъахъхъæнынмæ».
Институты уагъд цыдис политикон хъомыладон куыст, уый ссис æнæхъæн ахуыры процессы æнæмæнгхъæугæ мадзал. Курсытæм фидаргонд агитатортæ кастысты лекцитæ актуалон темæтыл (фашизм æмæ фашистон агрессийыл, оккупацигонд территоритыл режимы тыххæй, фронтæн баххуыс кæныны тыххæй).
Ныры уавæр
[ивын | Бындур ивын]Абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет у педагогон кадрты сæйраг цæттæгæнæн центр.
Университет стыр зиан баййæфта 2008-æм азы хæсты рæстæг, ныртæккæ ис ын дыууæ ахуыры бæстыхайы[1] æмæ иу ног[2] æмдзæрæн. Æмдзæрæн у æнæмæнг хъæугæ, дард районты чи цæры, уыдонæн — уæлдайдæр Ленингоры районæй æрбацæуæг студенттæн.
2011-æм азы сентябры райдыдта ног арæзтад — Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы уыдзæнис æппæт Кавказы хуыздæр университеты комплекс[3].
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ REGNUM: «У нас осталось два корпуса и общежитие. Учебный процесс идет в две смены...»(æнæбаххæсгæ æрвитæн), 2010-æм азы апрель (уырыс.)
- ↑ Общежитие ЮОГУ готово к заселению студентов (уырыс.)
- ↑ ИА «Рес»: «По словам президента, это будет самый лучший университетский комплекс на Северном Кавказе» (уырыс.)