Тыхост

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тыхосты дзуар

Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы Тыхост кæнæ Тхост (дыгур. Тухуаст). Ацы бардуаджы номыл Цæгат Ирыстоны, уæлдайдæр та Уæлладжыры комы æмæ Куырттаты комы арæзтой бæрæгбон Куадзæнæй фондз къуырийы фæстæдæр. Æргæвстой гал æмæ кодтой иумæйаг хъæугуывд. Тхост нымад цыдис карз бардуагыл.

Ирон адæм æм сидтысты иууыл тыхстдæр сахаты, зæгъæм, хурвæлтæр-иу бирæ куы ахаста, сæ халсар-иу æнæдонæй куы сæфтис æмæ сын-иу Уациллайы номыл куывд дæр куынæ баххуыс кодта ацы хъуыддаджы, æрмæст ахæм рæстæджы. Фольклорон уацмысты Тхост æвдыст цæуы Уациллайы хæлары хуызы. Æмæ уæдæ Тхостæн дæр йæ бон уыдис хъæздыг хор æрзайын кæнын, хурвæлтæры рæстæджы къæвда рауадзын, их, тыхдымгæ æмæ сахкъæвдатæй бахизын.


Тхостмæ куывтой афтæ:

« О Тхост, ды дæ нæ сыхаг æмæ нын уыныс нæ тыхстдзинад, ды Уациллайы хæлар дæ, — балæгъстæ йын кæн (Уациллайæн), æмæ къæвда рауадза, нæ хуымтæ æнæ донæй сæфынц »

Тхост цæмæй къæвда рауагътаид, уый тыххæй-иу суадонæй дон рауагътой, Тхосты номыл цы стыр дуры цур куывтой, уыцырдæм, дуры-иу донæй бапырх кодтой, стуры сойæ дæр-иу æй байсæрстой.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]