Томайты Мæхæмæт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Томайты Мæхæмæтирон адæмы хъæбатыр. 1850-æм азы тох кодта гуырдзиаг феодалтæ Мачабелиты ныхмæ, стæй, гуырдзиаг кънйæзты фæрс чи æрлæууыдысты, уыцы Уæрæсейы империаг хотыхджынты ныхмæ дæр[1]. Куы йæ ахстой, уæд тæрхондон йæ аххосджыныл банымадта, цы хохæгты разтад ацы аз æрцыдис, ууыл. Хаст æрцыдис Томскмæ «æнустæм цæрынмæ»[2].

1868-æм азы Хетæгкаты Леуан (Къостайы фыд) арвыста стыр кънйаз Михаилмæ сæрмагонд фыстæг, æмæ дзы куырдта, цæмæй Мæхæмæты суагъд кæной[2]. Чиновниктæ райдыдтой Мæхæмæты агурын, фæлæ уый сæ къухмæ нæ бафтыд, æмæ куыд фæстæмæ йæ базыдтой, Мæхæмæт 1855-æм азы йæ арвысты бынатæй æбæрæг ранмæ кæй алыгъдис, уый[2]. Адæмон сфæлдыстады дæр баззадысты, Мæхæмæт Сыбырæй кæй алыгъдис, уый тыххæй зарджытæ.

Томайты Мæхæмæты ном баззадис ирон адæмон сфæлдыстады. Йæ ном хæссы Рукъмæ ’ввæхс фæз «Мæхæмæты хæцæн» дæр. 2020-æм азы йæ кадæн Дзæуджыхъæуы активисттæ сæвæрдтой егъау банер фондзуæладзыгон хæдзары къулыл[3].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Томайты Мæхæмæт. Газет «Хурзæрин»
  2. 2,0 2,1 2,2 Гутнов Ф. Х. "Века и люди (Из истории осетинских сел и фамилий)" Выпуск 2, Владикавказ 2004
  3. Баннер с изображением Махамата Томаева появился во Владикавказе