Суринам
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
|
|||||
| Девиз: «Justitia — Pietas — Fides» | |||||
| Гимны ном: «Opo kondreman» | |||||
| Хæдбар сси | 1975-æм азы Нидерландтæй | ||||
| Æвзаг | Нидерландаг | ||||
| Сæйраг сахар | Парамарибо | ||||
| Стырдæр сахартæ | Парамарибо | ||||
| Хицауиуæджы хуыз | Демократи | ||||
| Президент Премьер-министр |
Дези Баутерсе | ||||
| Фæзуат | 163 270 км² | ||||
| Доны процент | 1,1 | ||||
| Цæрджытæ | 472 000[1] (2008) | ||||
| Æнгомдзинад | 3 ад./км² | ||||
| ÆМП • Æдæппæт (2004) • Иу адæймагмæ |
дунейы 163-æм 2,7 млрд. $ 6162 $ |
||||
| Валютæ | Суринамы доллар (SRD) | ||||
| Интернет-домен | .sr | ||||
| Телефонон код | +597 | ||||
| Сахатон таг | UTC-3 | ||||
Республикæ Суринам (нидерл. Suriname, нидерл. Republiek Suriname) у паддзахад Хуссар Америкæйы. Цæрынц дзы 472 мин адæймаджы бæрц.
Суринамæн ис арæнтæ Гайанæимæ ныгуылæны, Францы Гвианæимæ скæсæны æмæ Бразилиимæ хуссары. Цæгаты та — Атлантикон фурды былгæрон.
Суринам у Хуссар Америкæйы тæккæ чысылдæр паддзахад. Цæрджыты фылдæр хай цæрынц фурдмæ хæстæг, егъау фæзуат хуссары у æдзæрг хъæдтæ æмæ саваннæ.
Суринам экватормæ хæстæг у, æмæ уый тыххæй дзы ис тропикон бæстыхъæд. Уæлдæфы температурæ бонæй-бонмæ, сезонæй-сезонмæ, зæгъæн ис, æмæ нæ ивы. Афæдзы дæргъы ис дыууæ къæвдаджын сезоны: декабрæй февралмæ æмæ апрелæй августы астæумæ.
Фиппаинæгтæ [ивын]
- ↑ Suriname estimate UN Population Division.
