Суан
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæсыг Суаны
- Ацы статья у Гуырдзыстоны æмæ Абхазийы историон бæстæйы тыххæй. Адæмыхатты тыххæй кæс: Суаны адæм.
Суан (гуырдз. სვანეთი [сванети]) у Гуырдзыстон æмæ Абхазийы историон бæстæ. Уымы цæрджыты фылдæр хай сты суантæ.
Суан дих кæнынц дыууæ хайыл, Суаны рагъ се ’хсæн, афтæмæй: Уæллаг Суан æмæ Дæллаг Суан. Иуæй-иу хатт хицæн кæнынц Абхазы Суан дæр. Уый у, XX æнусы райдиан суантæ кæм æрцардысты, Кодоры комы ахæм уæллаг хай.