Перейти к содержанию

НормаСахар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«НормаСахар» — цифрон медицинон проект. Уæрæсейы фыццаг онлайн-сервис сæкæрнизæй рынчын чи у, уыдоны уавæр цæстдарынмæ. Сæрмагонд мобилон æфтуаны æххуысæй сервис цæст дары рынчыны туджы глюкозæйы ивынадмæ. Уый йеддæмæ, сервис рынчынæн бацамоны инсулины хъæугæ бæрц æмæ бар дæтты дардыл райсын дохтыры уынаффæ. «НормаСахар» ноджы разæвæры рынчынтæн барвæндон медицинон фæдзæхсынады программæ сæкæрниз кæмæн и, ахæмтæн. 2015-æм азы хуымгæнæны мæйы онг порталы лæггæдтæ уыдысты лæвар, фидын хъуыд æрмæст дохтырты уынаффæ райсыны тыххæй.

Сайты скæнæг у дохтыр-эндокринолог Александр Подгребельный. 2000-æм азты æмбисы уый бафæлвæрдта скæнын уый хуызæн исты, фæлæ уæд проект не скуыста. Уыцы рæстæг амалиуæгдарæг интернет дуканийы уæй кодта инсулины помпæтæ æмæ кодта кафеттытæ гипогликемийы фæхъызтытæ æхгæнынæн.

2011-2012-æм азты Подгребельный райста грант 50 мин доллæры Microsoft Seed Fund Финансировæнийы Фондæй æмæ 100 мин доллæры стартап-акселераторæй «Главстарт». 2012-æм азы скуыста порталы фæлвæрд верси. Проекты ном æрхъуыды кодта Михаил Зуев, компанийы акционертæй иу.

2013-æм азы кæфты мæйы æхцайы фæрæзтæ 25 мин доллæры радих кодтой интернет-инициативæты парахаткæныны фондæн. Уыцы аз проект æвдыст уыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн.[1]

2015-æм азы проекты автортæ разæрæвæрдтой сæ клиенттæн гæнæн архайын барвæндон медицинон фæдзæхсынады программæйы:

« «Æххæст фæдзæхст хъахъхъæд «НормаСахар». Программæйы архайджытæ исынц медицинон æххуыс дзæбæхгæнæн æмбал-уагдæтты. Фæлæ æрмæст сæкæрнизы хроникон фæкарзы. Фæдзæхст адæймаг йæхимæ исы хæс пайда кæнын программæ «Дардæй хъусдарыны æмæ сæкæрниз дзæбæхкæныны системæ «НормаСахар»-æй. Ахæм фæдзæстад кæнынц иу азмæ æмæ йæ аргъ у 11 мин сомæй 25 мин соммæ.[2] »

2015-æм азы хуымгæнæны мæйы райдайæнмæ сайты регистрацигонд уыд 12 500 адæймагмæ хæстæг. Системæйы куыста 48 дохтыры. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ сервисы историйы дæргъы уыд конд иу милуанæй фылдæр туджы сæкæр цас и, ахаем бæрстытæ.

Лæггад куыд кусы

[ивын | Бындур ивын]

Сайты регистрацигонд чи у, уыдонæн гæнæн ис пайда кæнын порталы лæггæдтæй сæрмагонд мобилон æфтуан «НормаСахар Доктор»-ы æххуысæй. Уый рынчынæн дæтты бар бончиныг дарын хи æнæниздзинады информациимæ, туджы глюкозæйы бæрцы ивдтытимæ, æвзалыдæттæ цас бахордта рынчын (сыйты базæйы ис информаци алы хæринаджы æвзалыдæттæ цас и, ахаем 10 мин номы) æмæ инсулин бæрц. Адæймаг йæхæдæг бары сæкæры бæрц глюкометрæй, бæрæггæнæнтæ та бахæссы программæмæ чырæг телефоны æмæ компьютеры æххуысæй. Ис ахæм глюкометртæ, кæцытæ сæхæдæг бахæссынц информаци бончиныджы интернетимæ бастдзинад куы фæзыны, уæд.[3]

Алы сахат дæр кæмфæнды уæвгæ интернет куы уа, рынчынæн гæнæн и банымайын артæккæ йæ инсулин цас хъæуы, уый. Ис бадзурын дохтырмæ, кæцы æфтуаты фæрцы æркæсдзæн пациант йæхи куыд хаты æмæ рынчыны историмæ гæсгæ ратдзæн хуыздæр рекомендацитæ.

«НормаСахар» у фыццаг уæрæсейаг сервер, кæцы онлайн лæггад кæны сæкæрнизæй рынчынтæн. Фæлæ АИШ-ы æмæ ма цалдæр паддзахады ахæм аххуыс фæзынд бирæ раздæр. Афтæ, Израилы кусы компани «Диабетикон информацийы бюро», кæцы кæны консультаци диабетæй рынчынты алы бæстæтæй телефонæй, электрон постæй æмæ Skype-æй. Компанийы бындурæвæрæгæн Ицхак Чайковскийæн йæ зæрдæмæ фæцыдысты уæрæсейаг амалиуæгдарты фыццаг къахдзæфтæ.[4]

2013-æм азы проект бæрæггонд æрцыд Морозовы номы сывæллæтты клиникон горæтаг рынчындоны æмæ Оттойы номы Мæскуыйы НИИ акушердзинады æмæ геникологийы. Дохтыртæ загътой О сервисæн, уый тыххæй фехъуысын кодтой 6-æм Æппæтуæрæсеон диабетологон конгрессы.[5]

2015-æм азы хуымгæнæны мæйæ сервер лæвар нал у. Хуымгæнæны мæйы дыккæгæм бонæй сайт домы абонентон фиддон. Мæй йын хъæуы фидын 98 сомы. Иу къуыримæ кæцыдæр рафыссæгты бафæндыд серверæй ацæуын,[6] фæлæ сайты бындурæвæрджытæ зæгънц, сæ ног клиенттæ фæфылдæр сты: иу къуыримæ сайты регистраци скодтой сæдæ адæймагæй фылдæр.[7]

Серверæй лæвар архайын ныр бар и æрмæст регистраци чи скодта уыдонæн æмæ æрмæст фыццаг фондз боны. Уый фæстæ уыдоны дæр хъæудзæн фидын алы мæй æхца.

Интернеты ис ссарын бирæ хъæстытæ компанийы куыстыл. Адæм хонынц проект рынчынтыл хынджылæгыл, кæцытæн сæ бон нæу сæхицæн смартфон балхæнын. Ноджы иу хъæндзинадыл хонынц гаранти кæй нæй, æмæ программæ хъæугæ рæстæг кæй нæ асæтдзæн, уый.[8]

Уæрæсейы ма и иу компани, кæцы кусы куыд онлайн-бончиныг диабетæй рынчынтæн — Dia-Lifе.[9] Гом быцæу проектты ’хсæн нæ рацыд, фæлæ Dia-Lifе-ы бындурæвæрæг дисы бацыд портал «НормаСахар»-ы бетæ-версийы рауагъды фæстаæ, уымæн æмæ раздæр йæ компанийæн зонгæ стартап-акселератор ’хца нæ радих кодта.[10]

Коммерсант æвæры проект «НормаСахар» æмрæнхъ уæрæсейаг социалон амалхъомады фадыгы стартап «Царды цæппæр»-имæ (уырыс. Кнопка жизни),[11] сæ тырнындзинад нырыккон уæрæсейаг æнæниздзинады системæ аивыны тыххæй.

Æддаг æрмæджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Путин раздал на софт, Газета.ru.
  2. Программа добровольного страхования, Официальный сайт НормаСахар. (æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  3. Здравствуйте удалённо, Бизнес-журнал. Архивгонд æрцыдис 20 мартъийы 2015 азы.
  4. Проект НормаСахар планирует обеспечить больных диабетом ежедневной консультативной помощью, Диадом.
  5. Управа на болезнь, Бизнес-журнал. Архивгонд æрцыдис 23 сентябры 2015 азы.
  6. Открытое письмо, Диабетическое информационное агентство. Архивгонд æрцыдис 5 мартъийы 2016 азы.
  7. Недельный срок прошёл, Официальный сайт НормаСахар. Архивгонд æрцыдис 16 январы 2016 азы.
  8. Мнения людей, Портал «Мой диабет». Архивгонд æрцыдис 4 мартъийы 2016 азы.
  9. Dia-Lifе, Официальный сайт Dia-Lifе.
  10. Чем проект «НормаСахар» привлёк инвесторов?, Деловая среда. Архивгонд æрцыдис 20 июлы 2015 азы.
  11. Мобилизация тела, Коммерсантъ.