Мелыккатæ
Внешний вид
(Мелыкатæ-æй æрвыст)
Мелыккатæ (уырыс. Меликовы) сты ирон мыггаг. Мыггаг Меликов у хæлиугонд кавказаг мыггаг. Меликовты астæу сты сомихæгтæ (Меликьянц, Меликян), гуырдзиæгтæ (Меликишвили), уырыссæгтæ, ирæттæ æмæ æндæртæ. Мелыккатæ цæрынц Рахизфарсы районы. Уыдон сты пысылмон.
Уыцы мыггаджы номæн йæ равзæрд у араббаг дзырд «малик»-æй: арабб. الملك [аль-малик], нысан кæны «æлдар, паддзах, кънйаз, къарол». Уыцы нысанимæ бацыд ирон æвзагмæ дæр — мæликк (дыгуронау мæлекк).
Зындгонд Мелыккатæ æмæ Меликовтæ
[ивын | Бындур ивын]- Мелыккаты Хазреты фырт Хадзыбатыр (райг. 1926 азы), ЦИПУйы профессор, математик.
- Меликов, Джангиры фырт Ариф, азербайджанаг композитор.
- Меликов, Иваны фырт Леван, уырыссаг æфсады афицер.
- Лорис-Меликов, Тариэлы фырт Михаил, Уæрæсейы империйы зынгонд æфсæдты хицау.