Фæрниатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фæрниатæ[1] (уырыс. Фарниевы, гуырдз. ფარნიაშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Мыггаджы тыххæй[ивын | Бындур ивын]

Фæрниаты тыххæй ис ахæм таурæгъ: Куырттаты комы цардысты бирæ уæлдæр Дзывгъисæй (Хилакъмæ хæстæг). Стæй дыууæ æфсымæрæн цæмæдæр сæ мыггагимæ цыдæр хыл рауад, æмæ уырдыгæй ралыгъдысты. Фæндагыл дзы иу фæмард, æмæ иннæ та Дзывгъисæй гыццыл уæлдæр æрцард. Уæд æм Гутнаты хистæртæ бацыдысты æмæ йæ бафарстой, чи дæ, цы дæ, цы ми кусыс ам, зæгъгæ. Æмæ сын йæ цард радзырдта. Уæд ын Гутнатæ ахæм дзырд радтой: райсомæй, дам, хуры аныгуылдмæ цы кæрдæг ныккæрдай, гъе уыцы зæхх дæу фæуæд, зæгъгæ. Уый дæр кæрдын райдыдта. Æмæ ацыди кæрдгæ æмрæнхъ нæ, фæлæ уыцы зæххæн йæ алыварс. Хур аныгуылд, æмæ ма йын дзы хæрзгыццыл баззад, фæлæ йын йæ цæвæг райстой. Æмæ уæд йæхæдæг зæххыл бахауд, æмæ дыууæ кæроны баиу кодта. Гутнатæн дæр сæ бон ницыуал баци, æмæ йын уыцы зæхх радтой.

Гъе уыцы Фæрнионæй рацыд, Цæгат Ирыстоны цы Фæрниатæ цæрынц, уыцы къорд сæ мыггагæй. Ис ма Фæрниатæ Дыгурмæ дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны дæр.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]