Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Перейти к: навигация, поиск

2007 азы мыхуыр æрцыд фыццаг ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты фыццаг чиныг. Ацы æмбарынгæнæн дзырдуат сарæзтой Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты æвзаджы хайады кусджытæ Гуккаты Дзатте, Дзадтиаты Гиуæрги, Тедеты Герас, Тъехты Федыр, Уанеты Владимир, Цхуырбаты Валентин æмæ Цхуырбаты Замирæ Гæбæраты Никъалайы сæргълæудæй.

Ацы æмбарынгæнæн дзырдуат у нормативон. Амоны, æппæт дзырдтæ нæ литературон æвзагæн бæззон кæй сты, кæцы стилмæ хауынц, кæм æмæ сæ куыд фæдзурынц, цавæр нысаниуджытæ сын ис. Дзырдуат ма нормативон уымæй у, æмæ амоны, дзырдтæ раст куыд фыссын хъæуы.

[баив æй] Æддаг æрмæг