Уанеты Владимир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уанеты Владимир
Райгуырды датæ 1930-æм азы 10 майы(1930-05-10)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2015
Мæлæты бынат
Архайды хуыз фыссæг, драматург, лингвист
Уацмысты æвзаг ирон

Уанеты Дмитрийы фарт Владимир (райгуырдис 1930-æм азы Хуссар Ирыстоны Чъециаджы[1], амардис 2015-æм азы 20 апрелы Цхинвалы) у Хуссар Ирыстоны ахуыргонд, драматург æмæ публицист.

1949-æм азы, 19 азы йыл куы цыдис, уæд сарæзта сусæг къорд «Рæстдзинад». Къорды архайды нысæнттæй иу уыдис ирон æвзаг скъолатæм раздæхын кæнын. 1951-æм азы йæ æрцахстой æмæ йын рахастой ахæстоны 25 азы фæбадыны тæрхон. Фæстæдæр, Сталины амарды фæстæ, Советон Цæдисы Сæйраг тæрхондон къорды уæнгты сраст кодта.

Уанеты Владимир уыдис Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат (2007) саразджытæй иу.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Газет «Хурзæрин». Уадтымыгътæн сæттын нæ бакуымдта