Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Деметæ у æдзæрæг хъæу Хуссар Ирыстоны Дзауы районы.
Ацы хъæу хæссы чысыл ирон мыггаджы ном — Деметæ. Адæмон таурæгъмæ гæсгæ Деметы мыггаджы бындурæвæрæг уыдис куыртаттаг лæг. Иу афон уыцы лæг фæхыл ис йæ ’фсымæримæ зæххы гæппæлы тыххæй æмæ ралыгъдис Хуссар Ирыстонмæ. Фæндагыл куы цыдис, уæд æй иу бæхджын лæг бафарста, кæдæм цæуы, уый. Бæлццон ын уайтагъд цыбыр дзуапп радта: «Демæ!» Афтæмæй йыл сæвæрдтой фæсномыг Деме. Демейы хæрзæфсымæрæй та равзæрыдис Томайты мыггаг, уымæн æмæ йæ ном хуындис Тома. Томайтæ систы уæздан, хъæздыг æмæ тыхджын мыггаг, чысыл Деметы сæ сæрмæ нæ хастой æмæ сæ нымадтой дæлбар мыггагæй, фæлæ Деметæ сæхи бафхæрын никуы радтой. Кæддæриддæр сæ зæхх æдасæй хъахъхъæдтой æмæ сæ намысы сæрвæлтау хъæбатыр хæцыдысты. Абоны онг Деметы мыггаджы хистæртæ нымайынц Томайты сæ ’рвадæлтыл. Демейæн уыдис дыууæ фырты, Хæд æмæ Фыранк, уыдонæй рацыдысты мыггаджы дыууæ къалиуы, бантыстис сын мыггаджы мæсыг самайын. Абон Деметæ цæрынц Цæгат Ирыстоны, сæ фылдæр хай æрбынат кодта Горæтгæроны районы. Деметы лæгтæ сæхи равдыстой хъайтартæй Турчы æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырты æмæ нысангонд æрцыдысты паддзахадон майдантæй. Деметæ æдзухдæр уыдысты хъуыстгонд куыд курдиатджын æхсæнадон архайджытæ, фæдисы рæстæг сæ иу дæр фæстейы никуы баззадис. Цæвиттон, Деметы Ладийы фырт Харитъон дæргъвæтин рæстæджы уысм уыдис Ирыхъæуы дзуарылæг.[кæцæй ист у?]
|
---|
Административон центр | | |
---|
Сахартæ | |
---|
Хъæутæ | Абаза • Абана • Æлбортыхъæу • Æхсæрджын • Багатыхъæу • Бадзыгат • Барс • Бахутæ • Бæгъиатæ • Безеткъар • Бестаутыхъæу • Бзитхъæу • Битетæ • Борджынис • Бузала • Булкъатыхъæу • Бызырат • Бырытъат • Везур • Гæззатæ • Гæлуатæ • Гогаджын • Гудис • Гулиантæ • Гуфта • Гуыбатæ • Гуыцмæзтыхъæу • Даргъæрдуз • Деметæ • Додтотыхъæу • Дыргъджын (Дзаугом) • Дыргъджын (Къуыдаргом) • Дыууæдонастæу • Дзалабет • Дзомагъ ( Гуыбатæ • Дзугатыхъæу • Касатыхъæу • Къæззатæ • Магъ • Медойтæ • Сагджынкъуырф • Фæзы Дзомагъ) • Дзриа • Дзылитæ • Едыс • Елбачитæ • Елхъантæ • Ерман ( Астæуккаг Ерман, Дæллаг Ерман, Уæллаг Ерман) • Ерцъо • Зассетыхъæу • Згъуыбир • Итрапис • Карзман ( Дæллаг Карзман æмæ Уæллаг Карзман) • Кæсагджын • Котанто • Къабузтæ • Къобет • Къодибын • Къоз ( Астæуккаг Къоз, Дæллаг Къоз æмæ Уæллаг Къоз) • Къроз • Къусджытæ • Къуыдар • Къуылыхтæ • Ламардон • Лесе • Лесор • Лет • Лицъи • Магкотыхъæу • Майрæм • Мардантæ • Мацхара • Мæсыгуат • Мзиу • Морго • Мугут • Мулдартæ • Мыртгæджын • Ниниа • Нанитæ • Нæзыджын • Ногхъæу • Пацъа • Приатæ • Пухатыхъæу • Пъереу (Гыццыл Пъереу) • Рагъ • Раро • Рокъатæ • Рукъ (Астæуккаг Рукъ ( Æрхыбыл, Елойтæ, Есетæ, Сырхаутæ), Дæллаг Рукъ ( Габатæ, Дзуарыбын, Хъониатæ), Уæллаг Рукъ) • Саджилзаз • Сазелет • Саумæсыг • Саухалтæ • Сацъала • Сачъыре • Сæридтатæ • Сидæн • Синагур • Сиукъатæ • Сохтæ • Стырмæсыг • Стыр Тли • Стырфæз • Сыба ( Æхсæйнаг Сыба, Дæллаг Сыба/Дзаттиатыхъæу, Мидæггаг Сыба/Хъугом) • Сыгъдтæ • Сынтбадæн • Тадтатæ • Тамаджын • Танделтæ • Тасойтæ • Тæгæрджын • Теделет • Тли • Тотыратæ • Тхел • Тъæпæнхъæу • Тъбет • Тъонтъобет • Уанел • Угæрдæнтæ • Уиреуцъала • Уисто • Урсдзуар ( Дæллаг Урсдзуар æмæ Уæллаг Урсдзуар) • Уцыфарс • Фæзыхъæу • Фæсрагъ • Фæткъуыджын • Хахет • Хæлиудон • Хæмпæлгом • Хæрдысæр • Хихатæ • Ходз • Хслеб • Хусурт • Хутъитæ • Хуымысæртæ • Хуыцъе • Хуыгатæ • Хуыгатыхъæу • Хъазитæ • Хъæдысæр • Хъæдысæр (Тлигом) • Хъæцлæутæ • Хъæцмæзтæ • Хъемулта • Хъеуселт • Хъоб • Хъола • Хъорсеу • Хъугом • Цадыхъæу • Цæгат (Чеселтгом) • Цæгат (Цъалагом) • Цæрынгатæ • Ципран ( Хуссар Ципран æмæ Цæгат Ципран) • Цуцитæ (Шушитæ) • Цхуырбатæ • Цъала • Цъамад • Цъæриттæ • Цъоис • Цъон • Църу • Цъыфджын • Челиат ( Мидæггаг Челиат æмæ Фæзы Челиат) • Чеселт • Чыстæ • Чъетар • Чъимас • Чъыбыгъотыхъæу • Шибойыхъæу |
---|