Деметæ (хъæу)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Деметæ
42°31′40″ с. ш. 44°06′17″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Дзауы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Деметæ (хъæу) (Хуссар Ирыстон)

Деметæ у æдзæрæг хъæу Хуссар Ирыстоны Дзауы районы.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Ацы хъæу хæссы чысыл ирон мыггаджы ном — Деметæ. Адæмон таурæгъмæ гæсгæ Деметы мыггаджы бындурæвæрæг уыдис куыртаттаг лæг. Иу афон уыцы лæг фæхыл ис йæ ’фсымæримæ зæххы гæппæлы тыххæй æмæ ралыгъдис Хуссар Ирыстонмæ. Фæндагыл куы цыдис, уæд æй иу бæхджын лæг бафарста, кæдæм цæуы, уый. Бæлццон ын уайтагъд цыбыр дзуапп радта: «Демæ!» Афтæмæй йыл сæвæрдтой фæсномыг Деме. Демейы хæрзæфсымæрæй та равзæрыдис Томайты мыггаг, уымæн æмæ йæ ном хуындис Тома. Томайтæ систы уæздан, хъæздыг æмæ тыхджын мыггаг, чысыл Деметы сæ сæрмæ нæ хастой æмæ сæ нымадтой дæлбар мыггагæй, фæлæ Деметæ сæхи бафхæрын никуы радтой. Кæддæриддæр сæ зæхх æдасæй хъахъхъæдтой æмæ сæ намысы сæрвæлтау хъæбатыр хæцыдысты. Абоны онг Деметы мыггаджы хистæртæ нымайынц Томайты сæ ’рвадæлтыл. Демейæн уыдис дыууæ фырты, Хæд æмæ Фыранк, уыдонæй рацыдысты мыггаджы дыууæ къалиуы, бантыстис сын мыггаджы мæсыг самайын. Абон Деметæ цæрынц Цæгат Ирыстоны, сæ фылдæр хай æрбынат кодта Горæтгæроны районы. Деметы лæгтæ сæхи равдыстой хъайтартæй Турчы æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырты æмæ нысангонд æрцыдысты паддзахадон майдантæй. Деметæ æдзухдæр уыдысты хъуыстгонд куыд курдиатджын æхсæнадон архайджытæ, фæдисы рæстæг сæ иу дæр фæстейы никуы баззадис. Цæвиттон, Деметы Ладийы фырт Харитъон дæргъвæтин рæстæджы уысм уыдис Ирыхъæуы дзуарылæг.[кæцæй ист у?]