Голоты Владимир
Голоты Владимир | |
---|---|
Райгуырды датæ | 6 (19) ноябры 1910 |
Райгуырæны бынат | Салбиар, Ленингоры район |
Мæлæты бон | 1975-æм азы 25 майы (64 азы) |
Мæлæты бынат | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Голоты Естъайы фырт Владимир (райгуырдис 1910 азы, Салбиеры — амардис 1975 азы 25 майы) уыдис зындгонд ирон фыссæг-публицист.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Владимир райгуырдис 1910 азы Ленингоры районы хæххон хъæу Салбиеры мæгуыр зæхкусæг хæдзары. Йæ фыд Естъа амардис 1916 азы.
Владимир баззадис сидзæрæй. Сомбоны фыссæг æмæ журналист цыдис фыййау. Ахуыр кодта сæ хъæуы райдиан скъолайы.
1924 азы газет «Хурзæрин» мыхуырæй цæуын куы райдыдта, уæд хъæууон зæрдæргъæвд лæппу газетмæ фыссын райдыдта уацтæ.
1927 азы Голоты Владимир ахуыр кæнынмæ бацыдис Цхинвалы ахуыргæнджыты дыууæазон курсытæм. Каст сæ фæцис æнтыстджынæй æмæ кусын райдыдта йæ райгуырæн хъæуы ахуыргæнæгæй. Уыцы иу рæстæджы уацтæ фыста Мæскуыйы «Крестьянская газета»-мæ. Йæ уацтæ афтæ цымыдисон уыдысты æмæ йæ уайтагъд газеты редакции йæхимæ ахуыдта кусынмæ. Уыцы рæстæджы Владимир ахырмæ бацыдис журналисты уæлдæр скъоламæ.
«Крестьянская газета»-йы кусгæйæ, базонгæ ис стыр пролетарон фыссæг Максим Горькийимæ. Уый йын йæ фыццаг радзырд «Хиисад» ныммыхуыр кодта журнал «Наши достижения»-йы.
1935 азы журналистты уæлдæр скъола каст куы фæцис, уæд æрыздæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Уæдæй йæ амæлæты бонмæ куыста прессæйы. Къорд азты дæргъы уыдис газет «Коммунист»-ы бæрнон редактор. Рауагъдады директор. Радиоралæвæрды хистæр. Журнал «Фидиуæджы» редколлегийы уæнг. Голойы-фырт уыдис йе схъомылгæнæг партийы æнувыд салдат 1939 азæй фæстæмæ. Æвæстиатæй кусынмæ цыдис, парти йæ кæдæм æрвыста, уырдæм. Цалдæр азы фæкуыста Дзауы районон газет «Дзау»-ы редакторæй.
Голоты Владимир бæрнон бынæтты архайгæйæ уый æмрæстæджы кодта ахадæн сфæлдыстадон куыст дæр. Фыста радзырдтæ, уацаутæ, аивадон очерктæ, публицистикон уацтæ. Активонæй архайдта куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр.
Голоты Владимирæн мыхуыры рацыд радзырдтæ, уацаутæ æмæ очеркты бирæ æмбырдгæндтæ. Уыимæ хайад иста фысджыты уацмысты иумæйаг æмбырдгæндты. Фыссæг-публицист æппæт йæ цард, йе сфæлдыстадæй æнувыдæй лæггад кодта адæмæн. Йе ’нувыд куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдис бирæ кады грамотæтæй æмæ паддзахадон хорзæхтæй.
Голойы-фырт уыд Ирыстоны рагондæр журналисттæй сæ иу. Йæ егъау культурон æмæ аивадон бынтæй арф фæд ныууагъта ирон литературæ æмæ мыхуыры размæцыды хъуыддаджы.