Ширван

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ширван картæйыл 1804 азы

Ширва́н (азерб. Şirvan, перс. شیروان) — Хуссар Кавказы историон хай, Къаспы денджызы ныгуылæн донгæроны, айтыгъдис Дербенты цæгаты ’рдыгæй Къуары дельтæйы онг хуссарыл. XV—XVI æнусты размæ хуындис Шарван. Ныр та у нырыккон Азербайджаны территорийы хай.

Сæйраг сахартæ — Шемахы, Баку, Кабала, Шабран.

Ширваны сæрты цыдис базарадон фæндаг, уыцы регион бирæ сæдæазты дæргъы тасы æппæрстой бирæнымæцон бабырстытæ. Ширван уыд алыхуызон паддзахадты хай. Уымæ гæсгæ йын ис тынг хъулон национ сконд, се ’хсæн кавказаг, ирайнаг æмæ тюркаг элементтæ дæр.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Араббаг халифаты картæ, Ширваны бæстæйы амындимæ

Азербайджайнаг историк Сарæ Ашурбейлийы ныхæстæм гæсгæ: «Ширваны территорийыл рагон заманы царди алыхуызон знæмтæ, кæдоны ’хсæн кавказæгты йеддæмæ уыд ирайнаг пласт дæр. Чи зоны ирайнаг æвзагон цæрæгад ацы регионы фæзынд нырид I миназы фыццаг æмбисы нæ дуджы агъоммæ. Зындгонд у æмæ Азербайджаны территорийыл цыдысты скифаг знæмтæ, кæдонæй-иу анæдызæрдыгæй чидæртæ баззадысты уыцы бæстæйы. Уый тыххæй дзурынц археологон æрмæджытæ. Кубайы районы, Апшероны æмæ Муганы топонимтæй кæцыдæртæ хаст цæуынц ирайнаг лексикæмæ»[1].

IV æнусы кæронæй VIII æнусы райдайæны онг ацы территори уыд Кавказы Албанийы хай. Уыцы паддзахады цæрæгад конд уыд знæмты цæдисæй.[2]

Нырыккон Ширваны фылдæр хай хаудис Маскуты историон бæстæмæ. Афтæ йæ схуыдтой рагон дуджы массагетты знæмы номыл. Уыдон дзы цардысты нæ дуджы I æнусæй VII-ы æнусы онгмæ ’ввахс.

Фæстæдæр Ширваны бæстæйы æрцардысты æндæр ирайнаг æрцæуæггæгтæ Ираны бæстæтæй, нырыккон татты фыдæлтæ. Историон ратæдзæнтæм гæсгæ савиртæ ’мæ хазартæ цардысты нырыккон Губайы сахары бынаты[3].

Антикон автортæм Ширваны кой нæ цæуы[4], фæзынынц æрмæст Сасанидты рæстæджы. VII æнусы «Сомихаг географийы» цæуы шарванты знæмы кой [5]. Балазури «Шарван-шах»-ы тыххæй дзуры Хосров I Ануширваны (531—579) вассалты ’хсæн. Номы иуыл рагон формæ — «Шарван», формæ «Ширван» æрфидар ис æрмæст XVI æнусы [4].

654 азы Ширван бацахстой араббæгтæ. VIII æнусы æмбисæй райдайгæ Ширваны æмæ Дагъистаны райдыдта хазарты æмæ араббаг халифты династи Омейядты ’хсæн тугкалæн тох.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ашурбейли С. Б. Государство Ширваншахов. — Б.: Азернешр, 1983. Ф. 16.
  2. Emil Souleimanov. [1]. — ISBN 9781137280220.
  3. Семенов И. Г. . — Казань, 1994. — С. 163. — 228 с.
  4. 4,0 4,1 В. Ф. Минорский. [2]. — М.: Издательство восточной литературы, 1963. — С. 34.
  5. Новосельцев А. П. , Пашуто В. Т., Черепнин Л. В. [3]. — Наука, 1972. — С. 40.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]