Перейти к содержанию

Черноземьейы хъабых

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Черноземьейы хъабых
Тип сæрмагонд компани[d]
Бындурæвæрд 2009
Ран
Къабаз хауæццæгты ракуыст
Æрзылд
Сыгъдæг æфтиаг
Сайт ruskarton.ru

Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Черноземьейы хъабых» (ООО «Картон Черноземье») — сæрмагонд уæрæсейаг компани, архайы цардыуаджы хауæццæгты ракуысты фадыджы. Архайы 2009-æм азæй, йæ сæйраг здæхт — гæххæттын бырæттæй аразын хъабых, стæй пластик æмæ полиэтиленон цъары ракуыст. Фылдаер архайы Воронежы, Ростовы æмæ Волгограды облæстыты. Регионы экологион æдасдзинады сæйраг куыстуат, Уæрæсейы æмæ æхсæнадæмон конкурсты лауреат социалон амалхъомадæй.

Компанийæн бындур æвæрд æрцыд 2009-æм азы сахар Семилуки Воронежы облæсты амалиуæгдартæй Игорь Забоев æмæ Петр Байковæй. Раздæр сæ архайд уыд баст арæзтадон бизнесимæ, фæлæ дыууæйæ дæр баззадысты æнæ куыстæй экономикон кризыcы тыххæй.

« Семилукийы уæд уыди уыйас бырæттæ, æмæ дымгæ рахæс-бахæс кодта гæххæттæ алы рæтты. Мах сфæнд кодтам ууыл бакусын æхца. Уæд нæм афтæ каст, пайдаджын уыд пластикон тарæ дæттын, гæххæт æмæ хъабых мæхæн уæд уыдысты социалон мисси. Зæрдæйы уыд стыр фæнд: скæнын сахар сыгъдæгдæр.[2] »

Райстой хаццоны бынат, балхæдтой уæзласæн машинæ, бахуырстой аст кусæджы (уыдонæй дыууæ инвалидтæ) æмæ сæхи скодтой регистрации куыд удгоймаг амалиуæгдар. Фыццаг аз ласт æрцыд 240 тонны макулатурæ (уымæй 18 тонны сымбырд кодтой дыууæ сахараг скъолайы ахуырдзаутæ), 60 тонны пластикон тарæ, 120 тонн авг. Уæзласæн машинæ бон кодта цыппар-æхсæз рейсы сахары бырондæттыл, æмбырд кодта бырæттæ, кæцытæ ис ракусын.

Хъæу Девицæмæ бацæуæн сахар Семилукийы ’рдыгæй

2010-æм азы амалиуæгдартæ регистрации скодтой ООО «Черноземьейы хъабых» æмæ æрбынат кодтой ног бынаты, хъæу Девицæйы Семилукийы районы. Компани райдыдта кусын сыхаг Хохольский районы æмæ æгас Воронежы. Воронежы облæсты администрации банымадта фирмæ куыд хуыздæр экологикон стартап æмæ йæ хорзæхгонд скодта грантæй — 300 мин сомы. Уыцы фæрæзтæ бахардз кодтой хомаг тъæпъæнкæныны пресс æлхæнынæн.[2]

2012-æм азы хатдзæгтæм гæсгæ компанийы æрзылд фæфылдаер 12 милуан соммæ, сыгъдæг æфтиаг 110 мин сомы. Семилукийы администраци банымадта проект социалон ахсджиаг æмæ радих кодта куыстуатæн зæхх сахары мидæг. Компани архайдта программæ «Фæсивæдон бизнес Уæрæсейы» æмæ сси æхсæнадæмон кункурс Prince’s Youth Business International лауреат Лондоны, фæуæлахиздзау и номинаци «Афæдзы экологион амалиуæгдарæг». Конкурсы бындур æвæрæг Принц Чарльз, æмæ дзы архайдта цалдæр мин хайадисæджы 35 паддзахадæй.

2013-æм азы компани рамбылдта Фонд «Нæ Фидæны» æппæтуæрæсейаг конкурс социалон амалиуæгдарджыты ’хсæн. Уый тыххæй цын æртæ азмæ радих кодтой æнæпроцентон хæс 4 милуан æмæ 250 мин сомы. Уыцы фæрæзтæй Финляндийы уыдысты æлхæд сæрмагонд бырæтты контейнертæ æмæ уыдонимæ кусыны машинæтæ. Алы контейнер уыд хъæбæр голладжы хуызæн, уыд æртæ æнæуый бачы бæрц. Контейнер уыд зæххы бын ныгæд, уæлæмæ зынд æрмæст йæ гыццыл хай люкимæ. Уыцы ног технологи дæтты гæнæн бырæттæ æмбырды куыст фæхуыздæр æмæ фæтагъддæр кæнын. Контейнерты фæрцы бырондæттæ систы сыгъдæгдæр. Фæстæдæр фински компани BioFinn кускæйæ Семилукийы заводы уыд арæзт ног цех ахæм контейнертæ кæнынæн. Ууыл бахардз кодтой 10 милуан соммæ ’ввахс.[3][4][5]

2013-æм азы æхцайы фæрæзты афæдзы зылд ссис 48 млн сомы, сыгъдæг æфтиаг фæфылдæр 420 мин сомæй.

Пётр Бойков æмæ Игорь Збоев фæуæлахиз сты номинаци «Экологи æмæ æнæниздзинад» уæрæсейаг къæпхæны æхсæнадæмон конкурсы Entrepreneur of the Year Awards, фæстæдæр рацыдысты æхсæнадæмон конкурс Youth Business International финалмæ, кæцы уыд мартъийы мæйы Дубайы. 2015 азы мартъийы, куыд сæйраг компани чысыл æмæ астæуккаг бизнес Воронежы облæсты, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Черноземьейы хъабых» сси Бетъырбухы чысыл æмæ астæуккаг бизнесы Партнериаты архайæг. Делегацийы сæргъы лæууыд губернатор Алексей Гордеев.[6] Зæрдæвæрæны мæйы Петр Бойковмæ фæдзырдтой æппæтуæрæсейаг социалон амалиуæгдарджыты слётмæ Мæскуымæ. Йæ ныхас уыд бырæтты хицæн æмбырды пайдайы тыххæй.[7]

Нæ бонты «Черноземьейы хъабых» архыйы дыккагон хомæг æлхæныл, хицæн кæныл æмæ ракустыл Воронежы облæсты æмæ иннæ Уæрæсейы регионты. Кусынц хъабæхимæ, макулатурæ, ПВХ цъаримæ, ПВД-имæ, ПНД-имæ. Дуканитæй, супермаркеттæй, хицæн удгоймæгтæй æлхæд цæуы хъабых. Фæстæдæр æй утилизаци кæнынц. Аллы мæй компани æрвиты ракуыстмæ 1500 тонн гæххæты бырæтты, 120 тонн ПВХ-цъар, 60 тонн пластик.[8].

Хомаг куыстуаттæм æрвитынц ахæм стыр компанитæ, куыд Воронежы облæсты кусæг X5 Retail Group, «Роснефть», «Сбербанк», «РЖД», ахсæнадон хæлцады хыз «Русский аппетит» æмæ «Макдоналдс». Ракусты хомаджы сæйраг æлхæнджыты сты Киевы хъабыхы-гæххæтты комбинат Украинæйы, ОАО «Маяк» Пензæйы, ООО «Гæххæты фабрикæ» Ростов Доныл, ПК «Снежинка» Волгограды, тулæйы филиал Svenska Cellulosa Aktiebolaget, гæххæты комбинаттæ Эстонийы æмæ Финляндийы. 2016 азæй 2019 азмæ куыстуаты фæнд кæнынц скæнын æххæст циклы ракуыст, хомæгæй сæхæдæг цæттæ продукци куыд кæной.

Социалон нысаниуæг

[ивын | Бындур ивын]

«Черноземьейы хъабых»-ы сæргълæуджытæ адæмы æхсæн разæнгард кæнынц хицæн бырæтты амбырды концепци, кæцы бирæ размæцыд паддзахадты у куыд æвæрд æгъдау. Уæрæсейы та нырма у тынггонд нæу. Æдзух школаты фæкæсынц лекцитæ, макулатурæ æмбырдкæныны акцитæ, æмкуыст кæнынц регионы æнæкоммерцион экологикон организацитимæ. «Экологикон политикæйы Центр»-имæ иумæ фæкæнынц сахары сыгъдæг кæныны æмæ нывыл аразыны акцитæ. Контейнертæ æвæрд кæм сты, уыцы фæзуаты радыгай фæлæууынц бырæттæ хицæн чи кæны, ахæм адæм. Æрмæст бырæттæ не взарынц, фæлæ ма сахары цæрджытæн æмбарыны куыст кæнынц.[9][10][11].

Аргъгæндтæ

[ивын | Бындур ивын]

Журнал «Эксперт»-ы фæлгæсджытæм гæсгæ, «Черноземьейы хъабых»-ы тынгады пълан конд у социалон амалиуæгдарджыты хуыздæр традициты. Амиу кæны социалон уæлархайд æмæ экономикон фидардзинад: «Ног кусæн бынæттæ облæсты, дыккагон хомагæй пайда кæныны культурæ парахат кæныны куыст, экологикон уавæр фæхуыздæр кæнын — уыцы иу рæстæг фæфылдæр и бизнесы бæрцуат, уымæ гæсгæ æфтиаг дæр».

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 https://web.archive.org/web/20150607155905/http://www.nb-fund.ru/files/pages/00014/expert.pdf
  2. 2,0 2,1 Татьяна Ткачева. Деньги из картона. Антикризисный бизнес воронежских предпринимателей получил мировое признание. Российская газета (24 февралы 2015).
  3. Олег Мухин. На площадке СОЗ появится производство мусорных баков. Коммерсантъ (6 мартъийы 2014).
  4. Валентина Петрова. На площадке СОЗ появится производство мусорных баков(недоступная ссылка). Эксперт. Датæ: 2015-æм азы 21 майы. Архив 2015-æм азы 7 июны.
  5. Алексей Новицкий. Переработкой вторсырья в Семилукском районе займётся совместное российско-финское предприятие. Воронеж Сегодня (5 мартъийы 2014).
  6. Делегация Воронежской области в Северной столице. Агентство по инновациям и развитию (25 мартъийы 2015). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  7. Всероссийский Слет социальных предпринимателей. Лаборатория социального предпринимательства. Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  8. Алексей Гордеев встретился с участниками программы «Молодёжный бизнес России». Управление по взаимодействию со СМИ и административной работе правительства Воронежской области (19 мартъийы 2015). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  9. Борьба с мусором приобретает международный статус(недоступная ссылка). Труд (6 сентябры 2012). Датæ: 2015-æм азы 3 майы. Архив 2016-æм азы 5 мартъийы.
  10. Георгий Писков. Пётр Бойков, учредитель ООО «Картон Черноземье», в новой программе «КорпорациЯ» на телеканале «ПРО Бизнес». Ассоциация независимых директоров (8 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  11. ВРОО «Центр экологической политики» принял участие в акции «Весенняя неделя добра». Центр экологической политики (24 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.