Хауæццæгты ракуыст

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ракуысты æхсæнадæмон нысан

Хауæццæгты ракуыст у, хауæццæгтæ ногæй хæдзарадмæ чи здæхы, ахæм архайд.

Уыцы архайдмæ хауы хауæццæгты æмбырд кæнын, дарын, æдас кæнын æмæ ласыны куыст. Авг, гæххæтт, пластик æмæ згъæртæ сты ракуысты арæхдæр нысан.

Ракуыст къаддæр кæны бырондонты хъæугæ фæзуат, асламдæр кæны индустрийы хомаг, къаддæр кæны экологион зиан æрдзæн.

Хауæццæгты ракуыст, уæлдайдæр йæ дæллаг къабаз — бырæтты æмбырд кæнын æмæ заводтæм ласын — бирæ кæмдæрты сси социалон амалхъомадæн бындур. Кæс Conserve, Черноземьейы хъабых æмæ æндæр дæнцæгтæ.