Перейти к содержанию

Фонемæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фонемæ (гр. φώνημα «зæл») у æвзаджы æппæты цыбыр зæлон иуæг, морфемæтæ базонæн æмæ сæ иу иннæмæй хицæнгæнæн кæй фæрцы ис, ахæм. Морфемæтæ сты фонемæтæй конд, куыд сæ лыстæгдæр хæйттæй. Иу фонемæ иннæмæй куы аивай дзырды мидæг, æндæр дзырд уыдзæн: „цæф“ æмæ „тæф“, „дон“ æмæ „бон“, „цом“ æмæ „цот“ æмæ афтæ дарддæр.

Фонемæ баиу кæны цалдæр зæлы (аллофоны). Зæгъæм, иронау [t] æмæ [tj] сты иу фонемæйы аллофонтæ, уырыссагау та — дыууæ хицæн фонемæйы (уый æвдисынц дзырдтæ бить/бит, шесть/шест).

Ирон æвзаджы системæйы ис 35 фонемæйы. Уыдонæй та 7 хъæлæсоны, 2 æрдæгхъæлæсоны æмæ 26 æмхъæлæсоны. Уыцы фонемæтæй æвзаджы æппæт хъæздыгдзинад аразгæ у.

Фонемæтæ лингвистикæмæ бакодта Хъазаны æвзагзонынадон скъолайы минæвар польшæйаг равзæрды ахуыргонд Иван (Ян) Бодуэн де Куртенэ XIX æнусы кæрон.

Жестты æвзæгты дæр сæхи фонемæтæ ис, хонынц сæ хиремæтæ.