Алантæ: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1: Рæнхъ 1:
[[Файл:Alani map.jpg|thumb|350px|Аланты миграцитæ [[IV æнус|IV]] æмæ [[V æнус]]ты]]
[[Файл:Alani map.jpg|thumb|350px|Аланты миграцитæ [[IV æнус|IV]] æмæ [[V æнус]]ты]]
'''Алантæ''', '''алайнæгтæ''' кæнæ '''аллæттæ'''<ref>Нырыккон [[ирон æвзаг|ирон æвзаджы]] сæмбæлæн ис уыцы адæмы номы æртæ формæйыл: ''алан, алайнаг, аллон''.</ref> уыдысты сæрмæттæг равзæрды цæугæцардгæнджытæ, дзырдтой [[ирайнаг æвзæгтæ|цæгат-скæсæн ирайнаг къорды]] [[алайнаг æвзаг]]ыл.
'''Алантæ''', '''алайнæгтæ''' кæнæ '''аллæттæ'''<ref>Нырыккон [[ирон æвзаг|ирон æвзаджы]] сæмбæлæн ис уыцы адæмы номы æртæ формæйыл: ''алан, алайнаг, аллон''.</ref> уыдысты [[Сæрмæттæ|сæрмæттаг]] равзæрды цæугæцардгæнджытæ, дзырдтой [[ирайнаг æвзæгтæ|цæгат-скæсæн ирайнаг къорды]] [[алайнаг æвзаг]]ыл.


1-æм æнусы алайнагтæ ныгуылæнмæ æрбабырстой Централон Азийæ æмæ дзы хицауиуæг бынат райстой æндæр сæрмæтты æхсæн. Аммиан Марцеллин куыд фыста, афтæмæй уыцы рæстæджы æндæр сæрмæттæг знæмтæ сæ хицæн нæмттæ ныууыагътой æмæ иууылдæр райдыдтой сæхи алайнæгтæй хонын.
[[Цæгат Кавказ]]ы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — [[Алани (паддзахад)|Алани (Аланыстон)]]. Уыцы паддзахад хæлд æрцыдис [[XIII æнус]]ы монгол-тæтæйрæгты бырсты аххосæй.

[[Адæмты Стыр гоц]]ы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой Скæсæн Европæйаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр Ныгуылæн Европæмæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се 'хсæн уыдысты [[Алæйнагты æмæ вандалты къаролад]] Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).
Алайнæгты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. [[Цæгат Кавказ]]ы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — [[Алани (паддзахад)|Алани (Аланыстон)]]. Уыцы паддзахад хæлд æрцыдис [[XIII æнус]]ы монгол-тæтæйрæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах Бела IV-æм æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæ фесæфтысты се 'ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.


Аланты байзæддæгтыл нымад сты [[Ирон адæм|ирæттæ]]<ref>[http://slovari.yandex.ru/~%D0%BA%D0%BD%D0%B8%D0%B3%D0%B8/%D0%91%D0%A1%D0%AD/%D0%90%D0%BB%D0%B0%D0%BD%D1%8B/ БСЭ: Аланы]</ref> æмæ [[ястæ]].
Аланты байзæддæгтыл нымад сты [[Ирон адæм|ирæттæ]]<ref>[http://slovari.yandex.ru/~%D0%BA%D0%BD%D0%B8%D0%B3%D0%B8/%D0%91%D0%A1%D0%AD/%D0%90%D0%BB%D0%B0%D0%BD%D1%8B/ БСЭ: Аланы]</ref> æмæ [[ястæ]].

Фæлтæр 21:31, 7 октябры 2017

Файл:Alani map.jpg
Аланты миграцитæ IV æмæ V æнусты

Алантæ, алайнæгтæ кæнæ аллæттæ[1] уыдысты сæрмæттаг равзæрды цæугæцардгæнджытæ, дзырдтой цæгат-скæсæн ирайнаг къорды алайнаг æвзагыл.

1-æм æнусы алайнагтæ ныгуылæнмæ æрбабырстой Централон Азийæ æмæ дзы хицауиуæг бынат райстой æндæр сæрмæтты æхсæн. Аммиан Марцеллин куыд фыста, афтæмæй уыцы рæстæджы æндæр сæрмæттæг знæмтæ сæ хицæн нæмттæ ныууыагътой æмæ иууылдæр райдыдтой сæхи алайнæгтæй хонын.

Адæмты Стыр гоцы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой Скæсæн Европæйаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр Ныгуылæн Европæмæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се 'хсæн уыдысты Алæйнагты æмæ вандалты къаролад Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).

Алайнæгты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. Цæгат Кавказы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — Алани (Аланыстон). Уыцы паддзахад хæлд æрцыдис XIII æнусы монгол-тæтæйрæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах Бела IV-æм æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæ фесæфтысты се 'ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.

Аланты байзæддæгтыл нымад сты ирæттæ[2] æмæ ястæ.

Кæс статьятæ

  • Венгрийы цæрæг ястæирæттæн сты сæ хæстæгдæр адæмыхатт. Фæлæ се ’взаг ферох кодтой.

Фиппаинæгтæ

  1. Нырыккон ирон æвзаджы сæмбæлæн ис уыцы адæмы номы æртæ формæйыл: алан, алайнаг, аллон.
  2. БСЭ: Аланы