Алани (паддзахад)
Алани кæнæ Аланыстон уыдис аланты астæузаманы паддзахад. X æнусæй зындгонд уыдис йæ сæйраг сахар Магас.
916-æм азы алантæ Византийæ чырыстон дин райстой. XIV æнусы Алани фехæлд мангол-тæтæры бырсты аххосæй.
Аланты байзæддæгтыл нымад сты ирæттæ[1] æмæ ястæ.