Гитлер, Адольф: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч Робот Аиуварс: ps:اډولف هټلر
ч Робот баххæст кодта: yo:Adolf Hitler
Рæнхъ 231: Рæнхъ 231:
[[wuu:阿道夫·希特勒]]
[[wuu:阿道夫·希特勒]]
[[yi:אדאלף היטלער]]
[[yi:אדאלף היטלער]]
[[yo:Adolf Hitler]]
[[zh:阿道夫·希特勒]]
[[zh:阿道夫·希特勒]]
[[zh-min-nan:Adolf Hitler]]
[[zh-min-nan:Adolf Hitler]]

Фæлтæр 22:14, 28 ноябры 2009

Адольф Гитлеры къам Югославийы

Адольф Гитлер (нем. Adolf Hitler) уыд Германы æфсады хицау, Æртыккаг Рейхы фюрер. Уый райгуырди 1889 азы 20 апрелы, цæугæдон Инны бæлгæрон, чи æрбынат кодта, уыцы гыццыл сахар Браунауы. Сахар ис Австри æмæ Германы ’хсæн арæныл.

Гитлеры фыдæлтæ

Йæ фыд уыд австриаг таможнæйы кусæг Алоис Шикльгрубер (Alois Schicklgruber), йæ мад та зæхкусæджы чызг Кларæ Пёльцль (Klara Pölzl).

Гитлеры фыдæлты тыххæй бирæ информаци нæй. Йæ фыдыфыд Иоганн Георг Гитлер базонгæ и зæхкусæджы чызгимæ. Йæ ном уыд Анна Мария Шикльгрубер æмæ куыста экономкæйæ Грацы. 1837 азы Аннæйæн райгуырди Гитлеры фыд Алоис. Алоис дардта мыггаг Шикльгрубер 1876 азмæ, цалынмæ йæ официалон æгъдауæй нæ раивта Гитлерыл, уый тыххæй æмæ рахъомыл ис йæ фыды ’фсымæры хæдзары Иоганн Непомук Гитлермæ. Клара Пёльцль уыд Алоисæн йе ’ртыккаг ус, уыди æртæ æмæ ссæдз азы кæстæр æмæ фондз сывæллоны ныййардта, уыдонæй сырæзыди æрмæст дыууæ — Адольф æмæ йæ кæстæр хо Паулæ.

Гитлеры биографи

Адольф рæзыди тæргайгæнаг æнæразы сывæллонæй, тарсти йæ фыдæй.

1895 азы Гитлерыл æхсæз азы куы цыд, уæд бацыди адæмон скъоламæ горæт Фишльхамы. 1897 азы фæстæ йæ мад æй арвыста Ламбахмæ бенедиктон моладзадоны скъоламæ. Фæлæ йæ уырдыгæй рацух кодтой. Иу фæстæ бинонтимæ ацыдысты Леондингмæ, Линцы сахаргæронмæ. Уым 1900-1904 æзты Гитлер цыди реалон скъоламæ Линцы, 1904-1905 æзты – Штейры. Гитлерыл æхсæрдæс азы куы цыди уæд скъола ныууагъта.

1907 азы Гитлер ацыд Венæмæ, фæлæ бацæуæн экзаментыл Венæйы аивады академимæ фæкъуыхцы ис.

1908 азы амарди йæ мад. Æмæ фондз азы Гитлер фæкуыста нывгæнæгæй.

1913 азы Адольф Гитлер æрцарди Германы, Мюнхены сахары.

1914 азы хæст куы райдыдта Гитлер балæвæрдта курдиат Баварийы паддзахмæ цæмæй йæ бахæссой æфсады хыгъдмæ. Æмæ йæ арвыстой 16-æм Баварийы фистæгæфсæддон полкъмæ. Райдианы уыди санитарæй, уый фæстæ æнæхъæн хæсты дæргъы куыста бастдзинады къабазы. Дыууæ хатты уыди цæф.

1914-æм азы декабры райста йæ фыццаг хæрзиуæг – Дыккаг къæпхæны Æфсæйнаг дзуар. 1918-æм азы 4 августы Гитлерæн балæвар кодтой Фыццаг къæпхæны Æфсæйнаг дзуар.

1919 азы Гитлер бацыди Немыцы кусджыты партимæ. Дыууæ азы фæстæ Гитлер сси уыцы партийы разамонæг æмæ йыл сæвæрдта ног ном — Национал-социалистон Германы кусджыты парти. Уыцы рæстæг дыууæ ныхасæй «НАцион-соЦИалист» райгуырди термин — нацизм.

Гитлер ацыди æфсадæй. Уый сарæзта, адæмы рæгъмæ 1920 азы 24 февралы кæй рахаста, уыцы программæ. Партион æмбырдты хъахъхъæнынадæн Гитлеры партийы разамонджытæ сарæзтой морæхæдон лæгты къорд — СА (Sturmabteilung). Иннæ организаци - СС (Schutzstaffel), саухæдон лæгты къорд, сси Гитлеры йæхи гварди.

8 ноябры 1923 азы Гитлер æмæ Людендорф сарæзтой паддзахадон фæфæлдæхт. Фæлæ сæ фæфæлдæхт нæ фæрæстмæ и. Гитлеры аххосджын кодтой паддзахады ныхмæ гадзрахатæй рацæуынæй. 1924-æм азы 26 февралы йын рахастой ахастоны 5 азы фæбадыны тæрхон. Фæлæ ахæстоны фæци æрмæст фараст мæйы. Ахæстоны ныффыста йæ зындгонд чиныг «Майн кампф» («Мæ тох»). 1939 азы чиныг ратæлмац кодтой 11 æвзагмæ, æдæппæтæй йæ тираж уыд 5,2 милиуан экземпляры.

1930 азмæ Гитлер сси националон змæлдты æнæмæнг разамонæг.

1928 азы рейхстагмæ (Германы парламентмæ) æвзæрстыты нацисттæ райстой æрмæстдæр дыууадæс бынаты, коммунисттæ та 54.

1929 азы Гитлер сарæзта альянс Альфред Хубенбергимæ. 1930 азы рейхстагмæ æвзæрстыты Гитлеры партийæн радтой сæ хъæлæстæ æхсæз милиуан адæймагæй фылдæр æмæ парти райста рейхстагы 107 бынаты.

1932 азы Гитлер сфæнд кодта президент суын. Фæлæ президенты бынаты баззади Пауль фон Гинденбург.

30 январы 1933 азы Гинденбург снысан кодта Гитлеры Германы канцлерæй.

5 мартъийы 1933 азы æвзæрстыты нацистты парти фæфылдæр кодтой сæ быннæты нымæц рейхстагы. Æмæ Гитлер се ’ххуысимæ райста 52% хъæлæстæ æмæ сси президент.

24 мартъийы 1933 азы Рейхстаг райста уæлрадон закъон адæм æмæ рейхы хъахъхъæнынады тыххæй. Уыцы закъоны фондз пункты ахæм мидис уыд æмæ рейхстагæн йæ закъондæттæн бартæ аивтой, нымайгæйæ бюджетмæ цæстдард, конституцийы бараст æмæ бадзырдты ратификаци фæсарæйнаг паддзахадтимæ. Уыцы бартæ радтой цыппар азмæ паддзахадон хицауадæн. Цалдæр мæйы дæр нæма рацыди афтæ иннæ партитæ æрцыдысты æхгæд, профцæдистæ та суæгъд чынди. 1933 азы октябры Герман рацыд Нациты Лигæйæ.

1934 азы Гитлер баиу кодта канцлеры æмæ президентты бынæттæ æмæ сси Германы иу лæгæй хицаугæнæг. Уыцы азы сæрды уый сфæнд кодта бабырсын Австримæ, фæлæ Муссолини йе ’фсæдтæ куы арвыста Австрийы арæнтæ хахъхъæнынмæ, уæд Гитлер йæ фæнд аивта.

1934 азы 2 августы Гинденбург куы амарди, уæд Гитлер йæхицæн радта «фюрер» æмæ канцлеры ном, рейхспрезиденты пост та аивта. Æппæт æфсæддон офицерттæ хъуамæ ард бахордтаиккой иузæрдыгдзинадæн Адольф Гитлерæн.

1935 азы Гитлер радта Гиммлерæн бардзырд цæмæй уый сараза концентрацион лагертæ. Сфидар чынди Нюрнберджы закъонтæ граждандзинад æмæ расæйы тыххæй, кæцытæ тобæ кодтой дзуттæгты æмæ немыцæгты (арийæгты) æхсæн къайад æмæ дзуттæгты цух кодтой граждандзинадæй.

1935 азы мартъийы Гитлер фехъусын кодта, 36 дивизийы кæмæн уыд, ахæм æдгæрзтæ æфсад кæй сарæзта. Уымæй комкоммæ саст æрцыдысты Версайлаг бадзырды домæнтæ.

1936 азы Испанийы мидхæст куы райдыдта, уæд Гитлер æххуыс кодта испайнаг генералæн Франсиско Франкойæн. Испанимæ æрцыд æрвыст легион «Кондор».

1936 азы 25 октябры хæстон-политикон бадзырд «Æндон фидыд» Италиимæ.

1938 азы, мартъийы Гитлер сæххæст кодта «аншлюсс» Австрийæн æмæ баиу кодта Австри Æртыккаг рейхимæ.

Уыцы аз Гитлер райдыдта Чехословакийы Судетты немыцæгты «сæрибар кæныны» кампани. Нацисттæ Чехословакийы змæстытæ куы сарæзтой, уæд бритайнаг премьер Невилль Чемберлен æмæ францаг премьер Эдуард Даладье ацыдысты Германмæ æмæ скодтой Мюнхены бадзырд.

Иу аз дæр нæма рацыди, æфтæ рейхы скондмæ бацыдысты, дæс милуан адæймагæй фылдæр кæм царди, ахæм территоритæ.

Ног нысанæй Гитлер равзæрста Польшæ. Ныр æй хъуыди Польшæйы къæлидор æмæ Данциг. Дыууæ фронтыл хæстæй аирвæзынмæ Гитлер райдыдта Мæскуыимæ баныхас.

1939 азы 23 августы нацистон Герман æмæ Советон Цæдис сæ къухтæ æрфыстой хæлар æмæ сабырдзинады тыххæй бадзырдыл æмæ баныхас кодтой, Польшæйы кæй адих кæндзысты, ууыл. Фæлæ Чемберлен Гитлерæн фехъуысын кодта Стыр Британи Польшæйы раз йæ хæс кæй сæххæст кæндзæн, уый.

1 сентябры Польшæйы райдыдта хæст æмæ Польшæ æрцыд дихгонд немыцаг æмæ советон æфсæдты ’хсæн.

6 октябры Гитлер разæрæвæрдта Стыр Британийæн æмæ Францийæн саразын сæрибарыл бадзырд — йæ «фæстаг æнхъарæн». Фæлæ уæдмæ уыд бæрæг йæ ныхасыл йын æууæндын кæй нæй, уый. Иу мæйы фæстæ Гитлер фехъусын кодта хæсты райдайæны тыххæй.

Уый фæстæ æнæхъæн зымæгмæ 1939-1940 азты ахаста «Бадгæ хæст». Уыцы рæстæг Гитлер æмæ йе знæгтæ ницы архæйдтытæ лæууыйæ æвналдтой (не предпринимали никаких действий). 1940 азы мартъийы Гитлер æмæ йæ цæдисон Муссолини фембæлдысты Бреннеры æфцæгыл, æмæ Гитлер раргом кодта йæ фæндтæ Муссолинийæн .

1940 азы 9 апрелы гермайнаг æфсæдтæ æрбабырсыдысты Данимæ æмæ Норвегимæ. Иу мæйы фæстæ æххæст конд уыд «блицкриг» Бельгимæ, Нидерландтæм, Люксембург æмæ Францмæ. Иннæ къахдзæф уыди Стыр Британийы уæлдæфон бомбардировкæ. Фæлæ британиаг тæхджытæ æрмæст 15 августы 1940 азы æрæппæрстой 180 немыцаг хæдтæхджыты.

1941 азы 6 апрелы Гитлер бакодта йе ’фсæдтæ Греци æмæ Югославимæ, фæстæдæр та арвыста Африкæйаг корпус Ливи æмæ Мысырмæ. 22 июны гермайнаг æфсæдтæ ахызтысты советон арæн æмæ бабырсыдысты Балтиаг фронтæй Сау денджызмæ.

1941 азы 19 декабры Гитлер сæйраг къамандыгæнæг фельдмаршалы Вальтер фон Браухичы йæ бынатæй ацух кодта æмæ йæхи къухмæ райста къамандæкæнынад æфсæддон архайæдтыл.

Гитлеры æфсæдтæ хæрд кодтой тохты. 1943 азы февралы Фридрих фон Паулюс састы бынаты слæууыди. Муссолинийы режим ныккалди. Знæгты æфсæдтæ æмбылдтой тохты. Гитлерыл уæд цыди фæндзай æхсæз азы, фæлæ уыд ихсыд, фырзæронд лæджы хуызæн цыди.

29 апрелы 1945 азы Гитлер æмкъайады бацыд йæ лымæнимæ Евæ Браун, уайтагъддæр ныффыста политикон уæсиат. Иннæ бон Гитлер йæхи агæрах кодта, Евæ Браун та марг банызта. Сæ марды буæрттæ баппæрстой бæласдоны дзыхъхъы æмæ сæ басыгъдтой.

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Hitler

Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA

Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA