Перейти к содержанию

Монте-Писсис

27°45′16″ ю. ш. 68°47′55″ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Монте-Писсис
исп. Monte Pissis
Кæм ис
27°45′16″ ю. ш. 68°47′55″ з. д.HGЯO
Ран Аргентинæ
Хохы системæ Андтæ
Характеристикæтæ
Цъуппы бæрзæнд 6795 м
Фыццаг сцыд Стефан Осецкий æмæ Ян Щепанский 1937-æм азы
Монте-Писсис (Аргентинæ)
Монте-Писсис
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Монте-Писсис (исп. Monte Pissis) у хуыст вулкан Аргентинæйы провинци Ла-Риохæйы. Ацы хох йæ бæрзондмæ гæсгæ у æртыккаг Ныгуылæн æрдæгтымбылы, лæууы 550 км цæгатырдæм тæккæ уæллоздæр хохАконкагуæйæ.

1994-æм азы Аргентинæйы хицауад куыд фæхабар кодта, афтæмæй хохы бæрзонды раст нымад GPSæй радта Монте-Писсисæн 6882 м æмæ уый у уæлдæр Охос-дель-Саладойæ фæлæ цæмæй уый сбæлвырд уа уымæн хъуыдис уæлæмхасæн иртæстытæ.[1][2][3]

2005-æм азы австриæгтæ сбарстой Писсисы æмæ уыдонæн та рауадис 6793 м.[4] Уый фæстæ ма цалдæр европæйаг экспедицийы фæлвæрыдысты хох сбарынмæ æмæ кæмæн уадис 6891 м кæмæн 6793 м.[5]

Ном Монте-Писсис хохыл сæвæрдæуыд Хосе Писсисы кадæн, уыдис францаг геолог, куыста Чилийы хицауады.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Pissis on andes.org.uk(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 19 февралы. Архив 2007-æм азы 20 февралы.
  2. Pissis on peakbagger.com
  3. Survey info on peaklist.org
  4. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 19 февралы. Архив 2011-æм азы 4 октябры.
  5. [1]

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]