Аконкагуæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Аконкагуæ
исп. Aconcagua
Аконкагуæ
Координатæтæ: 32°39′ ю. ш. 70°00′ з. д.HGЯO
Кæм ис Аргентинæ
Хохы системæ Андтæ
Цъуппы бæрзæнд 6962 м
Фыццаг сцыд Матиас Цурбригген 1897-æм азы
Аконкагуæ (Аргентинæ)
Аконкагуæ
Категори ВикиКъæбицы

Аконка́гуæ (исп. Aconcagua) у дунейы тæккæ бæрзонддæр хуыст вулкан. Йæ бæрзонд у 6962 м. Уыимæ ма уæлдæр цъупп у ныгуылæн æмæ хуссар æрдæгтымбылджыты, Америкæйы континенты, Хуссар Америкæйы.

Хохы номы равзæрд бæлвырд иртæст нæу, иутæ йæ хонынц араукайнаг æвзагæй рацæугæ («цæугæдон Аконкагуæйы иннæ ’рдыгæй»), иннæтæ та æвзаг кечуайæ — «Дурын хъалагъур». Хох равзæрди дыууæ къæйы (Наскæ æмæ Хуссар—Америкаг) кæрæдзи куы скъуырдтой уæд.

Æвæрд[ивын | Бындур ивын]

Æвæрд у Централон Андты Аргентинæйы территорийыл. Алырдыгæй йæм æнгом лæууынц хæххон рæгътæ: цæгат æмæ скæсæны ’рдыгæй рагъ исп. Valle de las Vacas, хуссар æмæ ныгуылæны ’рдыгæй та исп. Valle de los Horcones Inferior. Хох хауы национ парк Аконкагуæмæ. Йæ фæхстыл ис бирæ цъититæ, тæккæ егъаудæртæ — цæгатскæсæны æмæ скæсæны цъититæ.

Маршруттæ[ивын | Бындур ивын]

Аконкагуæ нымад у альпинизмы техникон æмбарынадмæ гæсгæ æнцон хохыл, куы сцæуай цæгатаг фахсыл уæд. Схызты рæстæг бæрзонды тæваг йæхи æнкъарын кæны, цъуппыл уæлдæфы æлхъывд у афтиддæр 40% дæнджызы æмвæзадæй, фæлæ уæддæр туаггуыры балонтæй пайдагæнын нæ бахъæуы. Маршруты ацыды минималон рæстæг фидаргонд æрцыдис 1991-æм азы.

Дыккаг маршрут у Польшæйы цъитийы уылты. Хохмæ бафсæрæн цæуы ком Вакасыл (исп. Vacas), уый фæстæ схызт Польшæйаг цъитийы бындурмæ, стæй — фыццаг маршрутимæ баиу вæййы æмæ цъупмæ схизы. Хуссары æмæ хуссар-ныгуылæн хæххон рæгъты уылты маршруттæ нымад сты тынг зынтыл сцæуынмæ.

Историйы фыццаг бæрæг фæлварæн цъупмæ сцæуынмæ, уыдис конд анлисаг Эдвард Фицджералды экспедицийæ. 14 январы цъупмæ бахæццæ швейцариаг Матиас Цурбригген, цалдæр боны фæстæ — экпедицийы дыууæ æндæр архайæджы.

Ныр схызты размæ альпинисттæ хъуамæ Мендосæйы, Националон парк Анкогуайы бынæттон хицауадæй, балхæной фæуагъд (уырыс. пропуск). Æргътæ ивынц сезонмæ гæсгæ.

Хохмæ схызт цæуы ацы æхсæйнаг тæппыты уылты (бæрзонды бæрæггæнæнтæ æввахсист сты):

  • Пуэнте-дель-Инка — 2725 м.
  • Конфлюэнци — 3500 м.
  • Пласа-дель-Мулас — 4370 м.
  • Пласа Канада 24 — 4910 м.
  • Нудо де Кондорес — 5380 м.
  • Берлин — 5780 м.
  • Цъупп — 6962 м.

Цæгат Ирыстоны альпинисттæ Аконкагуæйыл[ивын | Бындур ивын]

Цæгат Ирыстоны альпинисттæ схызтысты Хуссар Америкæйы бæрзонддæр цъуппмæ 2010-æм азы мартъийы[1]. Уыдон сæвæрдтой цъуппыл Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны тырысатæ. Альпинистты къорды разамонæг уыдис Хæмыцаты Хъазыбег.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]