Охос-дель-Саладо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Охос-дель-Саладо
Ojos del Salado summit.jpg
Аргентинæйы æмæ Чилийы уæлдæр цъуппмæ бакаст
Координатæтæ: 27°06′34″ ю. ш. 68°32′32″ з. д.HGЯO
Ран

Чили æмæ Аргентинæ

Хохы системæ

Андтæ

Фæстаг скалд

700 аз ± 300 азы

Цъуппы бæрзæнд

6893 м [1]

Фыццаг сцыд

1937-æм азы 26 февралы
Ян Щепаньски
Юстин Войжнис

Охос-дель-Саладо (Аргентинæ)
Montanya.svg
Охос-дель-Саладо
Commons-logo.svg Категори ВикиКъæбицы

Охос-дель-Саладо (исп. Ojos del Salado) у зæххыл тæккæ уæллоздæр вулкан æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг хох бæрзæндмæ гæсгæ (хох Аконкагуæйы фæстæ).

Лæууы Аргентинæ æмæ Чилийы астæу, цъупп ис Аргентинæйы æрдыгæй. Йæ бæрзонд у 6893 м. Вулканæй ныгуылæны ’рдæм суанг Сабыр фурды былгæрæттæм йæхи айтыгъта æдзæрæгран Атакамæ.

Вулкан хуыстыл нымад у, уымæн æмæ хъусдарды историмæ иу сирвæзт дæр нæма æрцыдис. Фæлæ иуæй-иу хатт, пассивон вулканон куыст, уæддæр фиппайд цыдис. Афтæ 1937, 1956 æмæ 1994-æм азты уыдысты чысыл сондоны æмæ дондæфы сирвæзтытæ.

Вулкан басæттын бантыстис 1937 азы польшæйæгтæн Юстин Войжнис æмæ Ян Щепаньскийæн. Цъупмæ фæндагыл альпинисттæ ссардтой, инктæ сæ динмæ гæсгæ кусарт-иу кæм кодтой, ахæм бынæттæ. Гæнæн ис, æмæ индейæгтæм вулкан Охос-дель-Саладо нымад цыдаид табуйаг хохыл.

2007-æм азы 21 апрелы чилиаг спортсмен Гонсало Браво сарæхстис модификацигонд Судзуки Самурайыл (Suzuki SJ) Охос-дель-Саладойы фахсыл схизын 6688 м, æмæ афтæмæй сæвæрдта дунеон рекорд.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]