Къофи
Къофи, вариант: хъауа[1] (арабб. قهوة [qahwa]) у тæвд нозт, чиндæуы къофийы бæласы сурвых нæмгуытæй. Кофеин дзы кæй ис, уый тыххæй адæймаджы организмыл дары цыренгæнæг хъомыс.
Къофийы нæмгуытæй фыццаг пайда кодтой Эфиопийы. Уырдыгæй, эфиопаг тыхæйисджытимæ, къофи араббаг дунемæ бафтыдис, стæй — XVII æнусы — Венецимæ æмæ Европæйы æндæр хæйттæм.
Дунейы алы аз дæр нуазынц цыппарсæдæ миллиард къусы бæрц къофи. Уымæй къофи у æндæр нозтыты ’хсæн популярондæртæй иу.
Къофийы куыст фылдæр кæнынц Бразили, Колумби, Вьетнам, Индонези, Мексикæ, Инди æмæ Эфиопийы. Хохы хуыздæр зайы къофийы хуыз арабикæ, ныллæгдæр бынæтты та — робустæ. Робустæйы фылдæр кофеин ис, арабикæ та хуыздæр ад кæны.
Къофийы мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Нымайдæуы нæуæдз зайæгойты хуызæй фылдæр, кæдон хауынц къофимæ.
Ис дыууæ бындурон къофи-бæласы хуызы, индустриалон масштабты пайдадзыд, æмæ уымæ гæсгæ, æуцы бæлæстæй æрцæугæ, къофигагаты: арабикæ æмæ робустæ. Æндæр æмæ æндæр аргълæвæрдтæм гæсгæ, æрмæст ацы дыууæ къофи-мыггаджы æххæст кæнынц скæнгæ къофийы 98%, кæцы цæуы дих æмахæстæй 70% — арабикæ, 30% — робустæ. Дунейы производствæйы æрмæст 2% скæнгæуы къофийы æндæр хуызтæй.
Къофийы æппæты хæлиудæр хуыз, арабикæ, зайы 600—2000 м уæлденджыз. Йæ нæмгуытæ, куыд фылдæр, вæййынц дæргъæццон формæ, лæгъз уæлцъар, "S"-дамгъæйау къæлæс линиимæ, кæцыйы-иу рог асурвыхы фæстæ баззайынц, цы къофигагаты муртæ нæ басыгъдысты кæронмæ, уыдон.
Историкон рапарахат
[ивын | Бындур ивын]Фыццаг æууæнккаг æвдисæнтæ, кæнæ къофи нуазыны тыххæй, кæнæ къофи-бæлас зонгæ кæй у, уый, фæзындысты 15 æнусы æмбисы, суфиаг моладзандоны сахар Мохæйы æвæрсты, Йемены. Уый уыди Араббы, къофигагатæ фыццаг хатт кæм систы сурвых æмæ донвых, ныр дæр куыд у, афтæ æнцон фыцгæйæ. XVI-æм æнусмæ бахæццæ ис Астæуккаг Скæсæнмæ, Персмæ, Туркмæ æмæ Цæгат Африкæмæ. Къофийы нæмгуытæ фыццаг хатт экспорт уыдысты Эфиопийæ Йеменмæ. Уым сæ йеменаг сæудæджертæ сæ бæстæмæ фæстæмæ æрхастой æмæ цæ райдыдтой садзын æмæ культиваци кæнын.
Фыццаг хатт Астæуккаг Скæсæнæй къофи сусæгхаст æрцыд суфиаг Баба Буданæй, Йеменæй Индимæ 1670 азы, авд къофигагайы йæ риуыл сбаста, афтæмæй сæ рахъуызын кодта æмæ сæ ныссагъта Майсор раны, æмæ афтæ фæзынди Индийы къофи. Уый размæ та алы экспортмæдзæуæг къофи фых æййæфта, кæнæ ма æндæрформæ стерилизаци цыди. Фæстæдæр ахæццæ Италимæ æмæ иннæ Европæмæ, Индонезимæ æмæ Америкæтæм.
1583 азы, Леонард Раувулф, гермайнаг терæпевт, йæ дæсазон балцæй сæздæхгæ, афтæ бамбарын кодта къофи циу: «Нуæзт у милау сау, цалдæр низы ныхмæ, уæлдайдæр та гуыбыннизты. Йæ нуазджытæ йæ исынц райсомæй, раст зæгъгæйæ, фарфор къусæй, кæцыйæ-иу алчидæр ахуыпп кæны æмæ йæ кæрæдзимæ адæттынц дарддæр. Кæнгæ у дон æмæ иу къудзийы дыргътæй, кæцы хуыйны бунну».
Æмбис Скæсæнæй къофи ахæццæ ис Италимæ. Венецийы фæрнджын сæудæджерад Цæгат Африкæ, Мысыр æмæ Скæсæнимæ æрхаста бирæ хæрзтæ æмæ хæлцтæ, се ’хсæн къофи дæр, йæ порттæм. Венецийæ та йемæ базонгæ сты иннæ Европæйаг бæстæтæ дæр. Къофи сси фылдæр райсгæ, Папæ Клемент Æстæмæй чырыстон нуæзт æй куы схуыдта, уый фæстæ, кæд æмæ куырдæуыд, цæмæй «Пысылмон нозтыл» хъоды бафтауын кæна, фæлæ уæддæр нæ байхъуыста. Фыццаг къофидон Европæйы фæзынд 1645 азы Италийы.
Голландиаг Ост-Индийы компани, уыд къофийы фыццаг импортгæнæг стыр бæрцытæй. Голланди ма тыллæг истой Явæ æмæ Цейлоныл дæр. Индонезиаг къофийы фыццаг экспорттæ Явæйæ Голландимæ æрцыдысты 1711 азы.
Бритайнаг Ост-Индийы компанийы архайды руаджы, къофи Англисы дæр спопулярон ис. 1654 азы бакæнгæ Оксфордаг Queen's Lane Coffee House ныр дæр ма ис. Франц базонгæ ис къофиимæ 1657-æм азы, Австри æмæ Польшæ — 1683 азы Венаг тохы фæстæ, саст туркæгты хæлц æмæ провизи куы бацахстой.
Цæгат Америкæмæ къофи бафтыди колониалон периоды æмæ сæрæй ахæм популярон нæ уыд, куыд Европæйы, уымæн æмæ ма алгоколон нозтмæ æмхиц уыдысты. Хæдбары сæраппонды хæсты рæстæджы та къофийы домæнтæ афтæ тынг схызтысты æмæ дилертæ æфтауцтæй се стæм фæстæуарцтæ раддæмæ кодтой æмæ æргътæ фыр-бырд скодтой. Уый ма уыд Бритайнаг сæудæжертæй цайы уæгъдæфтæн кæй фæкъаддæр ис, æмæ ма америкæйæгтæн сæ фылдæры иумæйаг резолюци — йæ нуазынæй æхсæнад бахизын «Бостоны цайцымæны» фæстæ.
1812 азы хæсты фæстæ, йæ заманы Британи рæстæгмæ æрбалыг кодта цайы иморт, америкæйæгты уартз къофимæ рæзыд. XVIII æнусы, йæ бартæ цайæн раттгæйæ, къофийы фæлхас æрхаудта Англисы. Уымæн æмæ цай æнцондæркæнæн уыд æмæ фæасламдæр ис Британийы уæлахизимæ Индийыл æмæ йæ цайы индустриимæ уым. Пæлæздуджы, наудзогтæ Британийы Паддзахадон Науæфсадæй, къофийы бæсты сыгъд дзулы къæбæртæ ссастой тæвд доны.
Францаг лæг Габриел де Клийо æрхæста къофи талатæ Францаг территори Мартиникæмæ, Карибты, кæцыйæ цæуы, дунейы æппæты арæхдæр култивацигонд къофи – арабикæ. Къофи хорз зади йæ климæты æмæ апарахат ис Америкæты ’хсæн.
Санто-Домингойы территоритæ (ныр Гаити) райдыдта къофи култивацикæнын 1734 азæй, æмæ 1788 азмæ ифтонг кодта дунейы къофийæн йе ’рдæг. Цагъайрæгтæ цы уавæрты куыстой, уыдон уыдысты, тагъд æрцæугæ Гаитаг революцийы фактортæ. Къофийы индустри дзы фæстæмæ нал раздæхт.
Уæдмæ, Бразилимæ дæр ныххæццæ ис 1727 азы, кæд æмæ йын ницы уадиссаг импулс уыд суанг хæдбардзинад райсынмæ 1822 азы. Гъеуæд къофийы плантациты тыххæй, зæгъхъæдтæй ссыгъдæг кодтой стыр зæххытæ, фыццаг Рио-де-Жанейройы цур, стæй та Сан-Паулуйы. Централон Америкæйы бирæ бæстæтæ райдыдтой къофисадзын 19 æнусы дыккаг хайæ, цъус ма хъæуа иууылдæр, бацархайын кодтой туземон адæмы мастшабон бынатаивд æмæ эксплуатацийы. Тызмæг уавæртæ уыдысты растадты, фæфæлдæхтты æмæ зæххкусджыты тугджын басастты аххосæгтæ. Зынгæ уæлвæтк сæ уыди Костæ-Рикæ, кæцыйы цæттæ кусджыты хъуаг, бахызта стыр фермæты сконд. Гыццыл фермæтæ æмæ эгалитарон бартæ фæхуыздæр кодтой 19-20 æнусты змæстыты æмæ æнæсæрфаты уавæртæ. Къофи сси ахсджиаг «æрмæхцайы тыллæг», райтынггæнгæ бæстæтæн. Сæдæ милуанæй фылдæр адæмæн, парахатгæнæг бæстæты, къофи у сæ сæйраг, кæнæ иунæг æхцафтæн. Ноджы ма сси ахсджиаг экспортаг Африкæйы стонтæн, зæгъæм, Угандæ, Руандæ æмæ Эфиопийæн, куыд бирæ Централон Америкæйы бæстæтæн.
Кæс ма
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Русско-осетинский словарь: около 25 000 слов/сост. В.И. Абаев. — Изд. 3-е. Владикавказ: Ир, 2013 — 487 с.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Кановская М. Б. Кофе. — М.: АСТ, 2007. — 94 с.
- Пучеров Н. Н. Всё о кофе. — 3-е изд., стер. — К.: Наукова думка, 1988. — 104 с.
- Плужников И. И. Чашка кофе. — М.: Пищевая промышленность, 1967. — 95 с.
- Похлёбкин В. В. Кофе // Кулинарный словарь. — М.: Э (Эксмо), 2015. — С. 164—167. — 456 с.
- Журнал «Восточная коллекция». Спецвыпуск «Жизнь в чашке» («Чашка чая. Чашка кофе»). — М.: РГБ, 2015 (№ 64). — 164 с.
- Бэнкс М., Мак-Фадден К., Эткинсон К. Мировая энциклопедия кофе = The World Encyclopedia of Coffee. — М.: Росмэн-Пресс, 2002. — 256 с.
- Тор Хэнсон. Триумф семян. Как семена покорили растительный мир и повлияли на человеческую цивилизацию = Thor Hanson The Triumph of Seeds: How Grains, Nuts, Kernels, Pulses, and Pips. — М.: Альпина Паблишер, 2018. — 374 p. — ISBN 978-5-91671-809-6.
- Либби Уивер. Полезная книга о лишнем и вредном. Как прекратить бороться с собой, понять свой организм и начать питаться правильно. = Libby Weaver. Accidentally Overweight: The 9 Elements That Will Help You Solve Your Weight-Loss Puzzle. — М.: Альпина Паблишер, 2021. — ISBN 978-5-9614-4031-7.
- Pendergrast, Mark. Uncommon Grounds: The History of Coffee and How It Transformed Our World(англ.). — London: Texere, 2001. — ISBN 1-58799-088-1.