Кæрдæгхуыз
Внешний вид
Кæрдæгхуыз[1] (вариант кæрдæггъуыз) кæнæ та цъæх[2] — у цыппар сæйраг хуызтæй иу. Спектры уылæны дæргъ у 500—565 нанометры. Хуызы координатæтæ: RGB HEX — #00FF00.
Кæрдæгхуыз у зайæгойты хуыз, ууыл аххосæг у фотосинтезы пигмент хлорофилл.
Тырысатæ
[ивын | Бындур ивын]Кæрдæгхуыз у пан-африкæйаг хуызтæй иу (уыцы хуызтæ сты бур, кæрдæгхуыз æмæ сырх), уый тыххæй уыцы хуыз бирæ африкæйаг паддзахæдты тырысатыл фенæн ис. Кæрдæгхуыз у пысылмон дины символтæй иу — уый тыххæй, цæрджыты фылдæр хай пысылмæттæ кæмæн сты, уыцы паддзахадтæн дæр сæ тырысатæ сты кæрдæгхуыз. Ливийы тырыса у хуымæтæджы æнæисты кæрдæгхуыз хъуымац.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæтгæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Абайты Васойы Ирон æвзаджы этимологион дзырдуаты ис ахæм дзырд — зæр(æ), нысан кæны «кæрдæгхуыз», «кæрдæг». Кæс: Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV-æм том
- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.