Перейти к содержанию

Енисей

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Енисей
уырыс. Енисей
Характеристикæ
Дæргъ 3487 км
Бассейны фæзуат 2 580 000 км²
Доны хардз 19800 м³/с
Цæугæдоны цыд
Гуырæн Стыр Енисей æмæ Чысыл Енисейы баиу
 · Гуырæны бынат Кызыл
Донæфтæн Карæйы денджыз
Ран
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Регион Тыва, Красноярсчы край, Хакаси
Енисей (Уæрæсе)
гуырæн
донæфтæн

ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Енисе́й (эвенк. Ионесси «стыр дон», хак. Ким, тув. Улуг-Хем, нен. Енся’ ям’) у Сыбыры цæугæдон, дунейы стырдæр дæттæй сæ иу. Бахауы Цæгат Ихджын фурды Карæйы денджызмæ. Йæ дæргъ у — 3487 км.

Йæ ныры ном ыл бафидар ис эвенкаг ныхас «Ионесси» — стыр дон, зæгъгæ. Сыбырæгтæ ма йæ Енисей-Дада дæр фæхонынц.

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Дунейы стырдæр дæттæй иу: Стыр æмæ Чысыл Енисейтæ кæм баиу вæййынц, урдыгæй у — 3487 км, Чысыл Енисейы гуырæнæй — 4287 км, Стыр Енисейы гуырæнæй та — 4123 км. Донвæндаджы дæргъ: ИдэрСеленга — цад БайкалАнгара — Енисей у 5075 км. Сæ бассейнты фæзуæттæ абаргæйæ (2580 мин км²), Енисей ахсы 2-аг бынат Уæрæсейы цæуæгæдæтты ’хсæн (Обы фæстæ) æмæ 7-æм бынат дунейы дæтты ’хсæн. Енисейы бассейнæн характерон у цæхгæр ассиметриад: йæ рахизбыл у 5,6 хатт бæрзонддæр йæ галиубыл фарсæй.

Енисей у æрдзон арæн Скæсæн æмæ Ныгуылæн Сыбыртæн. Галиубыл Енисейæн кæрон ссары Ныгуылæн-Сыбырон тыгъдад, рахизбыл та у хæххон тъайгайы дæлбар. Саянтæй Цæгатихон фурдмæ, Енисей ацæуы Сыбыры алы климæтон зонæты. Йæ донгуырæны цæрынц теуатæ, йæ донæфтæны та урсæрсытæ.