Карæйы денджыз
Карæйы денджыз (уырыс. Карское море) у Цæгаты Ихджын фурды хай. Йæ æрдзон арæнтæ сты: Евразийы былтæ, Ног Зæххы сакъадæхтæ, Франц-Иосифы Зæххы сакъадæхтæ æмæ Цæгат Зæххы сакъадах.
Денджызы фæзуат у 883 000 км2. Йæ тæккæ арф бынаты дзы 600 метры ставд дон ис.
Карæйы денджызы æййафынц цæугæдæттæ Обь æмæ Енисей.
Карæйы денджыз у тынг уазал. Афæдзы фылдæр хай ихæй æмбæрзт у.
Сæйраг порт у Диксон. Карæйы денджызы цæуы Цæгат денджызон фæндаг.