Бырнацтæ
Внешний вид
Бырнацтæ[1], варианттæ сты Бурнацтæ[2], Бурнæцтæ[3] (уырыс. Бурнацевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Мыггаджы фыдæл Бырнац уыди кадджын Хетæджы къабазæй. Бырнац уыд Хетæджы иунæг фырт Георгийæн йæ иунæг фырт Мамийы æртыккаг фырт. Хетæджы фырт Георги цардис Гуыркъумты хъæуы, райгуырд ын дыууæ фырты — Мами æмæ Мамиа. Хистæр æфсымæр Мамийæн уыд æртæ фырты, сæ иу уыд Бырнац — Бырнацы мыггаджы фыдæл. Бырнац Гуыркъуымты хъæуы цæргæйæ бинонтæ æркодта æмæ йæ цоты мыггаг Бырнацтæй сси. Мыггаг куы сбирæ и, уæд æндæр рæттæм фæлыгъдысты — Уæлладжыры коммæ, Куырттаты æмæ Дайраны кæмттæм. Иутæ сæ æрбафтыдысты Дыгуры коммæ æмæ æрцардысты Стыр Дыгуры. Бырнацтæн хæстæг æрвадæлтыл нымад цыдысты: Кодзыртæ, Саутæтæ, Дзапартæ, Хлойтæ.[4]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
- ↑ Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — 389 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.