Байрон, Джордж Гордон
Джордж Гордон Байрон | |
---|---|
англ. George Gordon Byron | |
Гуырæн ном | англ. George Gordon Byron |
Райгуырды датæ | 1788-æм азы 22 январы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1824-æм азы 19 апрелы[3] (36 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, зарджыты поэт, политик, драматург, автобиограф, тæлмацгæнæг, æфсæддон, бончиныджы автор, фыссæг, либреттист, аристократ, филэллин |
Жанр | таурæгъон поэзи[d] æмæ готикон литературæ[d] |
Уацмысты æвзаг | англисаг[6] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Джордж Гордон Байрон, 1822-æм азæй — Ноэл-Байрон, 1798-æм азæй — 6-æм барон Байрон (англ. George Gordon Byron (Noel), 6th Baron Byron; райгуырдис 1788-æм азы 22 январы Лондоны — амардис 1824-æм азы 19 апрелы Месолонгионы, Осмайнаг Гречъы), арæхдæр хуынд лорд Байрон (Lord Byron) уыдис англисаг поэт-романтик, йæ «хъуынтъыз эгоизмæй» æппæт Европæй дæр зындгонд чи сси, уый. Перси Шелли æмæ Джоном Китсимæ у бритайнаг романтикты кæстæр фæлтæры минæвар. Байроны альтер-эго Чайльд-Гарольд сси æнæнымæц байронхуыз литературон хъæйтарты прототип. Байронизм модæйы уыдис Байроны амæлæты фæстæ бирæ азты дæргъы.
Поэт Байрон хайад райста Гречъы хæдбардзинадыл хæсты (1821—1829), у Гречъы адæмон хъæбатыр.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Гордон — у Байроны дыккаг хицæн ном, уый ын радтой аргъуыды рæстæг, йæ мады чызгон мыггаг дæр Гордон уыдис. Байроны фыды фæндыд йæ каисты Шотландийы зæххытæ райсын, æмæ уый тыххæй йæ мыггаг фыста Байрон-Гордон, Джордж дæр скъоламæ цыдис ахæм дывæр мыггагимæ. 10-аздзыдæй Джордж сси Англисы пэр æмæ бароны титул дæр райста, йæ æрвылбоны ном сси «лорд Байрон» кæнæ та æнæуи «Байрон». Фæстæдæр йæ усы мад ын ныууагъта ноджы бынтæ, фæлæ йæ уыцы мулк райсынæн Байроны хъуыди йæ усы мадæн йæ мыггаг йæхи мыггагæн бафтауын — æмæ уый тыххæй сси Джордж Гордон Ноэл Байрон.
Байроны рагфыдæлтæ Англисмæ æрбалыгъдысты Нормандийæ Вильгельм Тыхæйбайсæджы æфсадимæ, сакстæй цы зæххытæ байстæуыд, уыдонæй сæ хайджын фæкодта къарол Вильгельм. Тынг кадджын мыггаг уыдысты Англисы æлдæрты ’хсæн, фæлæ Елизаветæйы рæстæджы Байронты мыггаг сыскъуыдис, сæ ном хæссын райдыдта сæ æнæзакъон байзæддæгтæй иу. Англисы революцийы рæстæг Байронтæ афтæ æнувыд уыдысты Стюартты хæдзарвæндагыл, æмæ сæ хистæры Карл I скодта пэр æмæ йын радта барона Рочделы титул. Мыггаджы зындгонддæртæй уыд адмирал Джон Байрон, Сабыр фурды бирæ чи цыдис, уый. Адмирал Байроны хистæр фырт капитан Джон Байрон (1756—1791), йæ фыццаг усы амæлæты фæстæ райста ног ус — бонджын шотландиаг бинонты чызг Кэтрин Гордон (амардис 1811), эсквайр Джордж Гордоны иунæг бындар. Уыцы бинонты ’хсæн 1788-æм азы райгуырдис суинаг поэт.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Виноградов А. К. Байрон. — М.: Молодая гвардия, 1936. ЖЗЛ
- Елистратова А. А. Байрон. — М.: Изд-во АН СССР, 1956. —264 с.
- Кургинян М. С. Джордж Байрон: Критико-биографический очерк. — М., 1958. — 216 c.
- Моруа А. Байрон. — М. : Молодая гвардия, 2000. — 422 с. — ISBN 5-235-02327-7 («ЖЗЛ»).
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 L. S. Byron, George Gordon (англ.) // Dictionary of National Biography / L. Stephen, S. Lee — London: Smith, Elder & Co., 1885. — Vol. 8. — P. 132—155.
- ↑ Байрон, Джордж-Ноэль-Гордон (уырыс.) // Энциклопедический словарь / под ред. И. Е. Андреевский — СПб: Брокгауз — Ефрон, 1891. — Т. IIа. — С. 726—730.
- ↑ 3,0 3,1 E. H. C. Byron, George Gordon Byron, 6th Baron (англ.) // Encyclopædia Britannica: a dictionary of arts, sciences, literature and general information / H. Chisholm — 11 — New York, Cambridge, England: University Press, 1911. — Vol. 4. — P. 897—905.
- ↑ Краткая литературная энциклопедия (уырыс.) — Москва: Советская энциклопедия, 1962.
- ↑ Archivio Storico Ricordi — 1808.
- ↑ CONOR.Sl