Перейти к содержанию

Алантæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Аланты миграцитæ

Алантæ[1], алайнæгтæ[2] кæнæ аллон[3] уыдысты сæрмæттаг равзæрды цæугæцардгæнджыты знæмты цæдис, дзырдтой цæгат-скæсæн ирайнаг къорды алайнаг æвзагыл.

I-æм æнусы алантæ ныгуылæнмæ æрбабырстой Централон Азийæ æмæ дзы хицауиуæг бынат райстой æндæр сæрмæтты æхсæн. Аммиан Марцеллин куыд фыста, афтæмæй уыцы рæстæджы æндæр сæрмæттæг знæмтæ сæ хицæн нæмттæ ныууыагътой æмæ иууылдæр райдыдтой сæхи алайнæгтæй хонын.

Адæмты Стыр гоцы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой Скæсæн Европæйаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр Ныгуылæн Европæмæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се ’хсæн уыдысты Аланты æмæ вандалты къаролад Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).

Аланты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. Цæгат Кавказы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — Алани (Аланыстон). Уыцы паддзахад стыр бавæрд ныккодта Кавказы историмæ, уыдысты йæм тыхджын политикон æмæ династион бастдзинадтæ Византия, Гуырдзыстон æмæ Хазары каганадимæ, базайраг бастдзинадтæ Иран, Киевы Уырыс æмæ араббаг бæстæтимæ. Аланыстоныл цыдис Стыр Зæлдаг фæндаг. Алантимæ баст у Салтов-Маяцчы археологион культурæ æмæ бирæ хæлд сахартæ (Архыз, Уæллаг æмæ Дæллаг Дзылат) æмæ ингæнтæ (Бæлта, Цыми, Гæлиат, Змейкæ æмæ æнд.) Цæгат Кавказыл.

Аланыстон хæлд æрцыдис XIII æнусы тæтæр-мангойлæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах Бела IV Арпад æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæн фесæфтысты се ’ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.

Аланты байзæддæгтыл нымад сты ирæттæ[4] æмæ ястæ.

Генетикæ

[ивын | Бындур ивын]

2014-æм азы Доны цур цы алайнæгтæ ныгæд уыдысты, уыдоны стæджытæй райстой ДНТ-анализтæ. Ингæны мидæг уыдысты 10 алайнæджы, уыдонæй 4-æн уыдис yDNA гаплогруппæ G2 æмæ 6-æн mtDNA гаплогруппæ I. Ахæм æмхуызæн генетикæ сæм уый тыххæй уыди, æмæ, æвæццæгæн, иууылдæр иу знæмæй кæнæ бинонтæй рацæугæ уыдысты.[5]

2015-æм азы Мæскуйы Археологийы институт иртæсын райдыдта цалдæр Сæрмæт-Алайнаг æмæ Салтов-Маяцчы культурæйы обау-ингæнтæ. Анализтæ куыд рабæрæг кодтой, афтæ дыууæ IV-æм æмæ VI-æм æнусы алайнаг хуызæгтæн уыдысты G2a-P15 æмæ R1a-z94 yDNA-гапплогруппæтæ, æмæ æртæ Сæрмæттæг хуызæгæн II æмæ III æнусы уыдысты дыууæ yDNA J1-m267 æмæ иу R1a.[6]

Æмæ æртæ Салтов-Маяцчы VIII-æм кæнæ IX-æм æнусы хуызæгтæн уыдысты yDNA-тæ G, J2a-M410 æмæ R1a-z94.[7]

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Нырыккон ирон æвзаджы сæмбæлæн ис уыцы адæмы номы æртæ формæйыл: алан, алайнаг, аллон.
  2. Осетинско-русский словарь под редакцией А.М. Касаева, Редактор издания Гуриев Т.А.: Около 28000(?) слов./4-е издание. г.Владикавказ, Изд-во Северо-Осетинского института гуманитарных исследований, 1993. – 384 с.
  3. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
  4. БСЭ: Аланы(недоступная ссылка). Датæ: 2012-æм азы 23 майы. Архив 2013-æм азы 23 октябры.
  5. Афанасьев Г.Е., Добровольская М.В., Коробов Д.С., Решетова И.К. О культурной, антропологической и генетической специфике донских алан // Е.И. Крупнов и развитие археологии Северного Кавказа. М. 2014. С. 312-315.
  6. [1]
  7. [2]