Перейти к содержанию

Кортес, Эрнан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Эрнан Кортес-æй æрвыст)
Эрнан Кортес
исп. Hernán Cortés y Pizarro
Гуырæн ном исп. Hernán Cortés y Pizarro
Райгуырды датæ 1485[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1547-æм азы 2 декабры
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз конкистадор
Фыд Martín Cortés de Monroy[d]
Мад Catalina Pizarro Altamirano[d][4]
Æмкъай Каталина Хуарес[d] æмæ Juana Ramírez de Arellano y Zúñiga[d]
Сывæллæттæ Мартин Кортес[d], Leonor Cortés Moctezuma de la torre[d], Martín Cortés, 2nd Marquis of the Valley of Oaxaca[d], Doña Juana Cortés de Zuñiga[d][4] æмæ Doña Maria Cortés y Ramirez de Arellano[d][4]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Сантьягойы орден
Автограф Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фернандо Кортес Монрой Писарро Альтамирано (исп. Fernando Cortés Monroy Pizarro Altamirano, райгуырдис Медельины, Бадахосы провинци, 1485-æм азы — амардис Кастильеха-де-ла-Куэстæйы, Севильяйы провинцийы, 1547-æм азы 2 декабры), фылдæр æй зонынц ахæм номæй: Фернандо, Эрнандо, Фернан кæнæ Эрнан Кортес (исп. Hernán Cortés) — испайнаг конкистадор, тыхæй байста Мексикæ æмæ ныддæрæн кодта ацтекаг паддзахад. Паддзах Карл V ын радта маркизы титул (исп. Marqués del Valle de Oaxaca).

Кортесы руаджы европæйæгтæ 1520-æм азтæй пайда кæнынц ваниль æмæ шоколадæй.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Эрнан Кортесы царды хабæрттæ сты кадавар, уый охыл историктæн зын у ацы ахсджиаг историон адæймагæн æххæст аргъ скæнын.

Кортес райгуырдис мæгуыр испайнаг уæздан лæджы (идальгойы) хæдзары. Йæ къухы бафтыдис Саламанкæйы университетмæ бацæуын, фæлæ дыууæ азы йеддæмæ дзы нæ фæахуыр кодта. Йæ ахуыры рæстæг базыдта латинаг æвзаг æмæ барады тыххæй цыдæртæ (уый йæ фæстæдæры фыстæджытæй зыны).

1506-æм азы ацыдис Ног Дунемæ, Санто-Домингойы æрыгон Кортесæн радтой колонисты статус æмæ йæхи хæдзар аразыны бар (репартимьенто). Лæппу уыдис губернатор Овандойы дард хион, æмæ йæ уый снысан кодта сахар Асусæйы нотариусæй.

1510-æм азы Кортес баиу ис, Диего Веласкесы разамындæй Кубæ бацæхсынмæ чи цыдис, уыцы балимæ. Балы службæ кодта куыд хæзнадар, æргътæ кодта стыгъд хæзнатæ æмæ сæ фæндзæм хай æрвыста Испанийы къаролæн. Кубæйы Эрнан Кортес схъæздыг ис æмæ дзы баззадис цæрынмæ.

1519-æм азы Кортес, йæ бæрны 11 науы, афтæмæй ацыдис ныгуылæнмæ, Мексикæ байсынмæ. Йемæ уыдис 518 фистæг æфсæддоны, 16 барæджы (уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бæх нæ уыд), 13 аркебузæджыны, 32 арбалетджыны, 110 матросы æмæ 200 цагъайраджы.

Фыццаг наутыл бахæццæ сты Юкатаны былмæ, стæй цæугæдон Табаскойы донæфтæнмæ. Уырдыгæй сурзæххыл фæцыдысты бæстæйы астæумæ, ссардтой сæхицæн цæдисонтæ æмæ 16 августы бахæцццæ сты ацтекты сæйраг сахар Теночтитланмæ.

1540-æм азы Европæмæ æрыздæхтис æмæ Америкæмæ никуы ма цыдис. Бацархайдта 1541-æм азы экспедицийы Алжирмæ, фæлæ уыцы хæстон операци нæ фæрæстмæ.

Амард æмæ ныгæд и Испанийы, Севильяйы сахары. Фæстæдæр йæ мард æппынкъаддæр аст хатты æндæр ранмæ равæрдтой, ныртæккæ Кортесы ингæн у Мексикæйы, йæ фæстаг фæндонмæ гæсгæ[5].

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]