Барад
Барад у æхсæнадон ахастыты регулятортæй иу.
Нырыккон дуджы дунейы ахуыргæндтæ нæма ссартой барады универсалон бæрæггæнæн. Зæгъæм, Стыр советон энциклопедимæ гæсгæ барад у паддзахадæй сфидаргонд иумæйаг æнæмæнг æххæстгæнинаг фæткойты æмдзыгуыр, кæдоны æххæстгонд паддзахад гаранти кæны.
Миниуджытæ
[ивын | Бындур ивын]Барады миниуджытæ сты:
- Уагæвæрддзинад, ома барады нормæтæ хъуамæ уой æмхуызон конд, иу паддзахады оргæнæй цæуой.
- Иумæйаг æнæмæнгдзинад, ома алчидæр хъуамæ фæткойтæ æххæст кæна.
- Объективон характер
- Формалон бæлвырддзинад
- Паддзахад æххæстдзинад гаранти кæны
- Бирæхаттон спайдакæныны фадат
Барады равзæрæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Барады равзæрæн у барады нормæйы фидар кæныны амал.
Барады равзæрæнты æхсæн сбæрæг кæнæн ис:
Барады системæ
[ивын | Бындур ивын]Барады системæ у къабæзтæ, институттæ æмæ нормæты æмдзыгуыр.
Барады къабаз
[ивын | Бындур ивын]Къабаз у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты иугъæдон æхсæнадон ахастытæн.
Барады къабæзтæ
[ивын | Бындур ивын]Барады къабæзтæ сты:
- Æхсæнадæмон барад
- Конституцион барад
- Административон барад
- Тугтæрхонон барад (уголовон барад)
- Граждайнаг барад
- Амалиуæгдарон барад
- Финансон барад
- Фæллойадон барад
Барады институт
[ивын | Бындур ивын]Барадон институт у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты æхсанадон ахастыты хицæн къордæн.
Барады институттæ
[ивын | Бындур ивын]Барады институттæ сты, зæгъæм:
- сæрмæмулкы барады институт
- адæймаджы барадты институт
Барады нормæ
[ивын | Бындур ивын]Барады нормæ у ахасты уагæвæрд, кæцы уаг дæтты конкретон æхсæнадон ахастытæн.
Барадон системæ
[ивын | Бындур ивын]Барадон системæ у барады системæ, барады культурæ æмæ барады реализацийы æмдзыгуырон бастдинад.
Дунейы зындгонд сты барадон системæты мыггæгтæ:
Барады зонæдтæ
[ивын | Бындур ивын]Барады зонæдтæ сты æхсæнадон зонæдты къорд, кæдон иртасынц барад æмæ барадон фæзындтæ.