Апуримак (цæугæдон)
Внешний вид
(Эне-æй æрвыст)
Апуримак | |
---|---|
исп. Río Apurímac | |
Апуримак | |
Гуырæн | Пунæйы уæлвæз Централон Андты |
Бассейн | Укаяли, Амазонкæ |
Дæргъ | 1250 км |
Бассейны фæзуат | 125000 км² |
Доны хардз | 2900 м³/с |
Апури́мак (исп. Río Apurímac), дæлейы ма йæ хонынц Эне, Тамбо, цæугæдон Перуйы, Хуссар Америкæйы. Цæугæдон Укаялийы (Амазонкæйы бассейны) галиу фæрсагдон.
Йæ дæргъ 1250 км. Йæ бассейны фæзуат у 125 мин км2. Гуыры Пунæйы уæлвæзыл астæуккаг Андты, цад Титикакæйы цæгат-ныгуылæны ’рдыгæй, кæлгæ дæр цæгат-ныгуылæны ’рдæм кæны арф уынгæг кæмтты æмæ дих кæны Андты рæгътæ. Дон æм æфты фылдæр уарынтæй. Рæстæмбис нымадæй дзы дон ракæлы 2,9 мин м3/с. Тæккæ фылдæр дон дзы вæййы декабры-февралы. Тынг донкъæсæрджын у æмæ дзы наутæн цæуыны фадат нæй. Цæугæдон Апумиракыл лæууы сахар Пуэрто-Прадо.