Шахри-Сухте

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ша́хри-Сухте́ (перс. شهر سوخته, «сыгъд сахар») у рагон сахары бынат, археологон иртасæнты ран Ираны хуссар-скæсæны, цæугæдон Гильменды был (остан Систан æмæ Белуджистан).

Шахри-Сухтейы фæзуат у 151 гектары. Уый у зындгонд стырдæр рагон сахартæй иу. Адæм æрцардысты уыцы ран нæ эрæйы агъоммæ 3200-æм азмæ æввахс. Æртæ хатты сахар бынсыгъд фæци, фæстаг сыгъды фæстæ адæм дзы нал цардысты (нæ эрæйы агъоммæ 2100-æм азæй фæстæмæ).

Археологтæ рагон сахары къахæнтæ кæнынц 1970-æм азæй. Æрвылаз дæр дзы ссарынц цымыдисаг цыдæртæ.