Сахдагъ
Сахдагъ | |
---|---|
азерб. Şahdağ | |
| |
Кæм ис | |
41°16′21″ с. ш. 48°00′16″ в. д.HGЯO | |
Ран | Азербайджан |
Хохы системæ | Кавказы хæхтæ |
Рагъ | Фæрсаг рагъ |
Характеристикæтæ | |
Бæрзæнд | 4243 м |
Фыццаг сцыд | Андрей Пастухов, 1892 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Сахдагъ кæнæ Шахдаг (азерб. Şahdağ) — Стыр Кавказы скæсæны хайыл хохы цъупп, Фæрсаг рæгъы. Ис Азербайджаны.
Этимологи
[ивын | Бындур ивын]Топоним Шахдагæн ис тюркаг-персайнаг равзæрд, перс. «сах»-æй (паддзах) æмæ тюрк. «дагъ»-æй (хох)[1].
Афыст
[ивын | Бындур ивын]Тарбур Шахдаг æнæ митын бæрзæндтæй у стыр галуаны хуызæн, йæ æрдзы скондæй-иу адæмы дисы баппары. Фылдæр у арæзт чъырдурæй æмæ доломиттæй, йæ бæрзæнд у 4243 метры бæрц. Йæ ландшафт конд у ихдæттæй, æхсæрдзæнтæй æмæ уæлхохаг фæзтæй. Шахдагы массивы ныгуылæны ’рдыгæй, айнæджыты ’хсæн 3700-3800 метрмæ æввахс бæрзæндыл уæвынц дыууæ цады. Фæндаг сæм цæуы Шахдагы ныгуылæны «кулдуары» ууылты. Уыцы уынгæг комыл тæдзы Шахнабады цæугæдæтты фæрсагдæттæй иу. Уыцы ’рдыгæй Шахдаг тынг хæлы дымгæ ’мæ къæвд цы эрози фæзынын кæнынц, уый тыххæй. 3700 м уæлдæр бæрзæнддыл ис ихдæттæ. Ихдæтты фæз фæстаг дæс азы къаддæр кæны. Ныры уысммæ йæ фæз у 1.1 км². Æнусон салд райдайы 2500—2600 м бæрзæндыл.
Хæрдмæцыдты истори
[ивын | Бындур ивын]Зымæджы дзы вæййы ныллæг температурæтæ, арæх æрхауынц минус 20 градусæй дæлдæр Цельсимæ гæсгæ, уый тыххæй сæдæ метры айас æхсæрдзæнтæ ныих вæййынц æмæ дзы фесты дынджыр ихон къуыбæрттæ. Уыдоныл-иу схизынц уæлæмæ. Фыццаг хатт хохмæ схызт Андрей Пастухов 1892-æм азы Шахдагы комæй. Алы аз дæр 1935-æм азæй 1968-æм азы онг Шахдагы цъуппмæ хызтис Бакуыйы фистæгæфсæддон училищæйы курсантты ротæ[2]. 1966-æм азы — О. Дроздовский, 1993-æм азы — Д. П. Шиянов схызтысты цæгæтаг-скæсæны сисы асасты ууылты. Æрвыл аз хохы цъуппмæ фæхизынц бынæттон альпинисттæ.
Цымыдисаг факттæ
[ивын | Бындур ивын]- 2012-æм азы Шахдагмæ ’ввахс бакондæуыд Шахдагы зымæгон-сæрдыгон туристты комплекс.
Топографион картатæ
[ивын | Бындур ивын]- Картæйы сыф K-39-97 Хыналык. Масштаб: 1 : 100 000. Указать дату выпуска/состояния местности.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Книга-путеводитель «Шахдаг с севера и с юга» издана в 2008 г. Министерством Экологии и Природных Ресурсов совместно с Азербайджанской Федерацией Воздушных и Экстремальных Видов Спорта(недоступная ссылка). Архив 2009-æм азы 16 июны.
- Шах-даг // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907.
- Книга-путеводитель «Шахдаг с севера и с юга» издана в 2008 г. Министерством Экологии и Природных Ресурсов совместно с Азербайджанской Федерацией Воздушных и Экстремальных Видов Спорта(недоступная ссылка). Архив 2009-æм азы 16 июны.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ https://ru.euronews.com/2018/08/06/shahdag-postcards Азербайджанаг Сахдагъы сусæгдзинæдтæ
- ↑ История восхождений на сайте БВОКУ