Чырыстон дин

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Чырыстæттæ-æй æрвыст)
Чырыстон дин
Библи
Æртæиууон
Чырыстон дины истори
Чырыстон теологи
Чырыстон дины здæхт
Викикъæбиц

Чырыстон дин, Чырыстонад дæр, дыгуронау: киристон дин (грекъаг дзырдæй Χριστιανισμος), æртæ дунеон динтæй иу.

Чырыстонад Ирыстоны[ивын | Бындур ивын]

Ирон адæмæн сæ рагон фыдæлтæ уыдысты, æппæт фыццаг Чырыстийы фæстæ чи ацыди, уыдонимæ. Фыццаг анусы аланты хсæн удис чырыстон сыгъдæджытæ — Сукиас, Риммæ, Пиннæ, Иннæ, Андрей æмæ иннæтæ. Ныр дæр Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай 'сты чырыстæттæ.

Куывдытæ[ивын | Бындур ивын]

Чырыстонады сæйраг куывд у «Мах Фыд»:

Мах Фыд[ивын | Бындур ивын]

Нæ Уæларвон Фыд, сыгъдæг уæд дæ ном.
Æрцæуæд дæ Паддзахад.
Уæларвы куыд у,
афтæ зæххыл дæр уæд дæ фæндон.
Абон дæр нын ратт цæрынваг къæбæр,
Ныббар нын нæ хæстæ,
Мах нæ хæсджынтæн куыд барам, афтæ.
Ма нæ бафтау фæлварæны,
Фыдбылызай нæ бахиз.
Уымæн æмæн Паддзахад,
Тых амæ нæмыс мыггагмæ дæр Дæу сты.
Амен.

Уыцы куывды тæлмацы æндæр вариант:

«Мæ Фыд, ныббар сын, уымæн æмæ цы аразынц, уый нæ зонынц» (Лк. 23:34) Нæ Уæларвон Фыд, сыгъдæг уæд Дæ ном. 10 Æрцæуæд Дæ Паддзахад. Уæларвы куыд у, афтæ зæххыл дæр уæд Дæ фæндон. 11 Абон дæр нын ратт цæрынваг къæбæр. 12 Ныббар нын нæ хæстæ, мах нæ хæсджынтæн куыд барæм, афтæ. 13 Ма нæ бафтау фæлварæны, фыдбылызæй нæ бахиз. [Уымæн æмæ Паддзахад, тых æмæ намыс мыггагмæ дæр Дæу сты. Амен.]“ (Мф. 6:9–13)

Дины нысан[ивын | Бындур ивын]

Уырны мæ Иунæг Хуыцау, Фыд, Æппæтылхæцæг, арвы æмæ зæххы, кæй уынæм æмæ кæй нæ уынæм, уыдон æппæты Сфæлдисæг.
Æмæ Иунæг Хицау Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт, иунæггуырд, Фыдæй гуырд Чи у афонты æппæт фыццаг.
Рухс Рухсæй, æцæг Хуыцау æцæг Хуыцауæй, гуырд, æнæсфæлдыст, Фыдимæ Иуонон, Кæмæй æппæт сысты.
Мах адæмы тыххæй æмæ нæ фервæзыны тыххаей уæлæрвтæй Чи æрцыди, æмæ Сыгъдæг Удæй æмæ Чызг Мариамæй буарджын Чи сси, æмæ адæймаг Чи сси.
Æмæ мах тыххæй дзуарыл тыгъд Чи уыди Понти Пилаты рæстæджы, æмæ фыдæбон Чи фæкодтæ æмæ ныгæд Чи уыди.
Æмае чи райгас æртыккаг бон, фыстытæм гæсгæ.
Æмæ Чи ссыди уæлæрвтæм, æмæ Фыдæн рахизфарсæрдыгæй Чи бады.
Æмæ ноджыдæр æрцæуинаг Чи у стырадимæ, æгæстæн æмæ мæрдтæн тæрхон кæныны тыххæй, Кæй Паддзахадæн нæ уыдзæн кæрон.
Æмæ Сыгъдæг Уд, Æгасгæнæг Хицау, Фыдæй цæуæг, Фыдимæ æмæ Фыртимæ æмкувинаг æмæ æмкадджынкæнинæг Чи у æмæ пахумпарты дзурынгæнæг.
Иунæг Сыгъдæг, Æмбырдон æмæ Минæварон Аргъуан.
Æргомæй исын донæй аргъуыд иунæг хатт, тæригъæдтæ ныууадзыны тыххæй.
Æнхъæлмæ кæсын мæрдты райгасмæ æмæ суинаг æнусмæйы цардмæ. Оммен.

Йесойы Кувд[ивын | Бындур ивын]

Хицау Йесо Чырысти, Хуыцау фырт, тæригъæд мын бакæн.

Кæс[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]